Ниноцъминдайы  сабиты пансионаты тыххæй  МХМ  публикаци кæны  фидиуæн
Ниноцъминдайы сабиты пансионаты тыххæй МХМ публикаци кæны фидиуæн

Гуырдзыстоны МХМ Ниноцъминдайы сабиты пансионаты  хъомылгæнинæгтыл  гæнæн  фыдракæнды  факттыл,  фæдагуырды  фæдыл  фидиуæн хæлиу кæны.

«Бæрзонд æхсæнадон  интересы  тыххæй нæ фæнды, æхсæнадæн  базонын кæнын, цæмæй  æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты ахæлиугонд информацийыл æнцойæ,  Сыгъдæг Ниноы номыл, сидзæр, æнæхæдзар  æмæ аудынцух  сабиты пансионаты  хъомылгæнинæгты æрдæм  гæнæн фыдракæнды  факттыл  райдыдта фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады  кодексы 126-æм  статийы   фыццаг прима хайæ.

Фæдагуырды фæлгæтты, МХМ  ауадздзæнг   алы хъæугæ  фæдагурæн  æмæ  процессон  мадзæлттæ, цæмæй  бацахуыр кæна  тыхмидзинады  алы  гæнæн   факт», –  дзырдæуы фидиуæны.

МХМ-ы  фидиуæнæй,  2016  азæй  абоны онг   фæнысангонд пансионаты фæдыл  цæуы  тугтæрхоны барады  цыппар хъуыддагыл фæдагуырд. Хъуыддæгтæ  рæгъмæ хаст уыдысты  адæмон хъахъхъæнæгы аппараты  фыстæджыты æмæ  паддзахадон аудын кой æмæ  трефикингы  амæттæгтæн æмæ зианбавзарджытæн  æххуысы  агентады сидты  бындурыл.

«Ацы этапыл хъуыддаджы нырма нæй  æгъгъæд  бæлвырдгæнæнты  уыцы  стандарт, кæцыйæ сбæрæг уыдзæнис гæнæн фыдракæнды  факт.  Амæ нæкæсгæйæ, мидхъуыддæгты  министрад, алкæцы  тугтæрхоны  барады хъуыддагыл  иудадзыг режимы  дарддæр кæны  хъæугæ  фæдагурæн æмæ  процессон  архæйдтытæ, цæмæй æххæстаргъджынæй  æмæ  объективонæй   рабæрæг кæна  гæнæн фыдракæнды    алы факт», –   дзырдæуы МХМ-ы фидиуæны.