Нино Ломджариа æмæ Украинайы парламенты адæймаджы барты  комиссар  æмгуыстады меморандум  бафыстой
Нино Ломджариа æмæ Украинайы парламенты адæймаджы барты комиссар æмгуыстады меморандум бафыстой

Украинайы  парламенты адæймаджы барты комиссар  Людмила  Денисова  æмæ Гуырдзыстоны адæмон барты сæрылдзурæг  Нино Ломджариа   къух бафысто æмгуыстады фæдыл меморандумыл.

Фарсытæ  сбæлвырд кодтой сæ цæттæдзинад,  æнгом æмкуыст кæной  адæймаджы барты  æмæ  бындурон  сæрибардзинæдты хъахъхъæды механизмтæ фæхуыздæр кæнынæн, демокративон институтты æмæ  закъоны сæйрагдзинад стынг кæнынæн.

Меморандумы  фæлгæтты  фарсытæ  æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кæндзысты кæрæдзийæн адæймаджы барты  халыны  цауты фæдыл  Украинайы æмбæстæгтыл Гуырдзыстоны территорийыл æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтыл та Украинайы.  Райсдзысты æмæ æркæсдзысты  сæ бæстæйы тæрриторийыл   цæрæг иннæ бæстæйы  æмбæстæгты  куырдиæттæ;  баивдзысты  адæймаджы  барты хъахъхъæды сферæйы  фарсыты  куысты фæдыл аналитикон  информацион æрмæджытæ, регулиргæнæг  барадон документтæ.

Документы хаххгондæй   у банысангонд  хъизæмары  кæнæ æгадгæнæг  ахасты кæнæ æфхæрды   превенцийы  сферæйы  æмгуыстад. Банысангонд  у,  цæмæй Украинайы æмæ Гуырдзыстоны националон  превентивон механизмтæ  сыххæст кæндзысты иумæйаг  визиттæ  æрцахсты бынæттæм æмæ æндæр æхгæд  уагдæттæм  Украинайы æмæ  Гуырдзыстоны,  баивдзысты  информаци (уый нымæцы  æнæнизхъахъæды æмæ æндæр  аууæлтты) иу фарсы æмбæстæгты фæдыл, кæцытæ  иннæ фарсы  сæрибардзинад арæнгæнæг  уагдæтты  æрвитынц  æфхæрды æмгъуыд.