Нино Гвенетадзе Бæрзонддæр Тæрхондоны сæрдары постæй йæхи уæгъд кæны
Нино Гвенетадзе  Бæрзонддæр Тæрхондоны  сæрдары  постæй йæхи уæгъд кæны

Бæрзонддæр тæрхондоны  æмæ  Гуырдзыстоны   юстицийы  бæрзонддæр советы   сæрдар Нино Гвенетадзе,  йæ  пост уадзы.   Нино Гвенетадзе, йæ  куыстуæгъды  æфсонæн  æрхаста æнæниздзинады уавæр  æмæ   фæсарæнты дæргъвæтин  хоскæнын.

Фидиуæны, кæцыйы  НиноГвенетадзе  хæлиу кæны,  уый æрхаста юстицийы  бæрзонддæр  советы, Бæрзонддæр тæрхондоны  æмæ æнæхъæнæй  тæрхондæтты системæйы  мадзæлтты афæлгæст, кæцы йæ  къухдариуæгæй  сæххæст  2015 азы  20 марты  фæстæ.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнтыстыты   сегасæй  егъау хайбавæрд   хауы  минæварадтæм,  æхсæнадæмон  æмæ  доннор организацитæм, кæцытæ  активонæй  æххуыс кодтой  расттæрхоны системæйæн,   реформæты  алы  этапыл. Уымæй  уæлдай ма,   фæстиуæгджын уыд  æмгуыстад æнæхицауадон æмæ  барты  хъахъхъæнæг организацитимæ, расттæрхоны æрдæм æууæнк  фæтыхджындæр кæныны  цæстæнгасæй.

Нино Гвенетадзе  бузныг  дзуры  йæ  коллегæтæн  фæстиуæгджын æмгуыстады тыххæй  æмæ  ныфс дары,  цæмæй   гуырдзиаг расттæрхоны системæ, цæсгомджынæй   срæвдз кæндзæн  адæймаджы барты  хъахъхъæдыд,   намысджынæй  службæ кæнæт  закъоны уæлдæрдзинадæн  æмæ   рæстдзинад æрфидар кæнынæн.