Николоз Хъипшидзе – консилиум Саакашвилийы бæрзондпрофилон медицинон уагдонмæ аласыны уынаффæ рахаста, йæхæдæг пациенты нæ федтам, загътой нын цæмæй йæ зæгъгæ нæ фæнды консилиумимæ фембæлын
Консилиум æмхъæлæсонæй рахаста уынаффæ, ома Саакашвилийы æнæаргъæвгæйæ хъуамæ аласой бæрзондпрофилон медицинон уагдонмæ, – уый фæдыл Михеил Саакашвилийы дохтыр Николоз Хъипшидзе æфхæрдæххæстгæнæн уагдонæй рацыды фæстæ фехъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Михеил Саакашвилийы йæхæдæг нæ федта, уымæн æмæ йын куыд загътой афтæмæй, раздæры президенты консилиумимæ фембæлын нæ фæндыд.
«Пациенты мæхæдæг нæ федтон. Консилиум нын уыд. Консилиум æмхъæлæсонæй рахаста уынаффæ ома Саакашвилийы æнæаргъæвгæйæ хъуамæ аласой бæрзондпрофилон медицинон уагдонмæ. Анализы бæрæггæнæнтæ æмтгæй райсгæйæ дзæбæх уыдысты, фæлæ иуæй-иутæ та – æвзæр. Знонимæ абаргæйæ уавæр фæфыддæрдæри, фæлæ пациенты нæ федтам. Зыгътой нын, цæмæй Михеил Саакашвилийы нæ фæндыд консилиумимæ фембæлын. Ацы анализтæ абон систой»,- райхъусын кодта Николоз Хъипшидзе.
Фарстыл, конкретонæй кæцы медицинон уагдонмæ аласыны цæуы ныхас, Хъипшидзе дзуапп ратта, цæмæй дзæрдæуы бæрзондпрофилон æмбæстагон рынчындоныл.
«Глдан нæ хауы бæрзондпрофилон æмбæстагон рынчындæттæм», – банысан кодта Хъипшидзе.