Никол Пашинян – нæ  цух кæнæм Уæлхох Карабахы хæдбарад банымайын
Никол Пашинян – нæ цух кæнæм Уæлхох Карабахы хæдбарад банымайын

Ереван  Уæлхох Карабахы   хæдбарад  банымайын  нæ  цух   кæны –  уый фæдыл Сомихыстоны  премьер-министр   Никол пашинян   парламенты  уæлрадон   рабадтыл райхъусын кодта.

«Ацы фарста  тынг серьозонæй   хъуамæ  æркæсæм.  Гæнæн ис  райдайа   уæрæх  æхсæнадон  тæрхон, æркæсдзыстæм  фæзынды айтынгы  алыхуызон сценарий.  Ацы фарста  бадзырдты  фингмæ ахиздзæн» – райхъусын кодта  Пашинян.

Уыимæ иумæ  ма, Сомихыстоны  премьер-министр, фæнысангонд  фарстайыл  социалон хызаджы дæр ныффыста.

«Æркæсдзыстæм алхуызæн  æвæццæгæнад,  фæзынды  айтынгы  алыхуызон сценарий.  Сомихыстон  Арцахы  æдасдзинады æмæ  хæдбарады  гаранти у.   Абон Сомихыстон  Арцахæн йæ фарсмæ  лæууы   йæ  паддзахадон системæ æмæ  цæрджыты потенциалимæ.  Тыхархайд нæ февгъау  кæндзыстæм,  цæмæй  сифтонг  кæнæм  нæ фыдыбæстæйы арæнты  æдасдзинад, цæмæй  бахъахъхъæнæм  нæ сриæбардзинад  æмæ  хæдбарад» –  фыссы «Твиттеры»   Пашинян.