Никол Пашинян  Ильхам Алиевмæ баздæхт – Сомихыстоны паддзах Стыр Тиграны рæстæджы Хуссар Кавказы,  бæстæ  Азербайджан  нæ уыд  бынтон
Никол Пашинян Ильхам Алиевмæ баздæхт – Сомихыстоны паддзах Стыр Тиграны рæстæджы Хуссар Кавказы, бæстæ Азербайджан нæ уыд бынтон

Кæд æмæ Азербайджаын президенты  фæнды   историмæ  арфдæр ныккæсын,  уæд мæ бон  у  бакой  йын  кæнон,  цæмæй  Сомихыстоны  паддзаха Стыр Тиграны  рæстæджы,  Хуссар Кавказы  ахæм бæстæ – Азербайджан бынтон нæ уыд – ацы  куырдиаты  Сомихыстоны премьер-министр, Никол Пашинян,  Мюнхены  æдасдзинады  конференцийы фæлгæтты,  Къарабахы  конфликтмæ гæсгæ,  арызт  дебатты рæстæджы  сарызта.

Сомихыстоны премьеры   ацы  куырдиат, сырæзт Азербайджаны   президент Ильхам Алиевы дзырдæй ралæуды   рæстæджы, зæгъгæ Къарабах   Азербайджанмæ хауы  кæцы  у историон факт.

Дебатты рæстæджы   Пашинян  райхъусын кодта, цæмæй  Къарабахы Азербайджанмæ алæвæрд  уыд  Стъалины  сæрмагонд  иинициативæ.

«Азербайджаны президентæн зæгъин, цæмæй историмæ афтæ  дард  ахæццæ кæнын  нæхъуаджы  у,  уымæн æмæ  Сомиыхстоны  паддзах Стыр Тигран  бадзырдтæй  арызта   Помпеусимæ,  Хуссар Кавказы  æмæ   æппæт регионы   ахæм бæстæ – Азербайджан, бынтон нæ  уыдис.  Афтæмæй  не нхъæлын  цæмæй   раст уайид  историмæ афтæ  арф  ныккæсын, уымæн æмæ  мæнæн   мæ  бон у бирæ   дарддæр  акæсын   æмæ уырдгæй    райдаын. Дæнцæн  Чырыстийы  райгуырды размæ  400 азæй.  Фæлæ  афтæ нæ   ракæндзынæн – раст  мæ æ  нæ кæсы» – райхъусын кодта  Никол Пашиинян.

Афтæма Никол Пашинян  банысан кодта, цæмæй «Итосрионæй  ам цардысты   сомихæгтæ,  гурдзиæгтæ, фæлæ  азæрбайджайнæгтæ  никуы  зæгъгæ».

Дебатты  рæстæджы  Азербайджаны  президент   Ильхам Алиев   загъта,  цæмæй  Уæлхох Къарабах  у   Азербайджаны хай.  «Уый  у  историон  рæстдзинад  æмæ æнцойæвæрд у  тугтæрхоны  барады  æхсæнадæмон  нормæтыл.  Азербайджанытерриторион æнæхъæндзинад  банымадтæ  Æппæт Дуне  æмæ Уæлхох  Къарабах  у нæ бæстæйы интегриргонд  хай.   Историон цæстæнгасæй, 1805 азы   Къарабахы   хан Ибрахим бафыста  бадзырд  Уæрæсейы   империйы  генерал  Цициановимæ.  Ацы  бадзырдмæ гæсгæйæ Къарабах  куыд  хæдбар бæстæ,  бацыд Уæрæсейы  империйы  скондмæ.  Уыцы  бадзырды   мидæг ницы дзырдæуы сомихаг цæрджыты тыххæй»-райхъусын кодта Ильхам Алиев.