Нико Каджаиайы æнтыстджын рацыд Сабион Ервоуынынадыл [видео]

Сабион Евроуынынад 2021-ы конкурсыл Гуырдзыстоны  минæвар  Нико Каджаиа дыккæгæм номырæй   рацыд.

Проект «Ранина»-йы  уæлахиздзау  Николоз Каджаиа  Гуырдзыстоны  номæй  Сабион Евроуынынадыл Гига  Къухианидзейы  зарæг  «lets count the smiles» сыххæст кодта.

Паризы   радæй  19-æм Сабион Евроуынынад, кæцыйы хайад исы  19  бæстæ.

Сабион Евроуынынады онлайн  хъæлæскæнынад цæуы 17-æм цыппурсы23:00 сахатæй  æмæ   уæ бон у, веб-фарсыл – vote.junioreurovision.tv Гуырдзыстоны æмæ дунейы  кæцыфæнды  ранæй схъæлæс кæнат Нико Каджаиайæн. Комкоммæ эфиры рæстæджы схъæлæс кæнын  гæнæн ис  æрмæст 15 минуты  дæргъы, конкурсон зарджытæ иууылдæр куы  сыххæст уыдзысты уый фæстæ.

Гуырдзыстоны мнæваримæ иумæ уæ бон у  схъæлæс кæнат ноджы  дыууæ  конкурсантæн. Уæ  иу  хъæлæс  бæрæггæнæг уыдзæн  æронбæттæн  фæстиуæгы  æрдæг, иннæ æрдæгы  та  жюри.  Фæуæлахиз уыдзæн   уыцы  зарæг, кæцыйæн уыдзæн сеппæтæй  фылдæр  хъæлæстæ.

Традиционæй  Сабион Евроуынынады комкоммæ трансляци  æвдисы  Æхсæнадон Уацхæссæг.