Ника Мелиайы  тæрхоны процесс 16:00 сахатмæ снысан ис
Ника Мелиайы тæрхоны процесс 16:00 сахатмæ снысан ис

«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайы  тæрхоны процесс 16:00 сахатмæ снысан ис.   Рабадтыл  тæрхонгæнæг   хъуамæ æркæса  прокуратурæйы   куырдат, кæцыйы фæдæвзарæг уагдон  Мелиайæн æфхæрды мадзалы  фæивыны  фæдыл  тæрхондонмæ  знон бавдыста.

Куырдиат æркæсдзæнис тæрхонгæнæг Нино Чахнашвили, кæцы  у  ацы хъуыддаджы тæрхонгæнæг.

Зылынмæ лæвæрды адвокатты позицийы  тыххæй  куы зæгъæм,   уыдон хъавынц  рабадтыл сфиксир кæной сæ позици, цæмæй  цыфæнды  ахсты  мадзалæй цух  хъуамæ  ссæрибар уа Ника Мелиа, уымæн æмæ сæ   аргълæвæрдмæ гæсгæйæ, Мелиа æнæзаконон  ахсты  уæвы.

Ника Мелиайæн  тæрхонгонд  цъындыйы  суммæ 40 000  лари, Евроцæдисы  эгидæйæ  «Европаг  фонд  демократийæн»   8 майы  рауæлдай кодта.

Ника Мелиайы  ахосджын кæнынц Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  225-æм статийы  фыццаг æмæ дыккаг  хайæ, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  къордон  тыхми  организацидзинад æмæ уым хайад исын.