Ника Мелиайы  адвокаттæ  курынц  парламентмæ бацæуыны бар
Ника Мелиайы адвокаттæ курынц парламентмæ бацæуыны бар

Парламенты  бацæуæны  раз, цы ран  «Националони Змæлды»  сæрдар Ника Мелиайæн  депутатон  иммунитет æрурæды фарстыл  уынаффæ кæнынц,  цæуы  акци.  Протестон  æмбырд райдыдтой  «Змæлд Гуырдзыстонæны»  уæнгтæ. Уыдон парламентмæ символонæй   телтæй æмбондтæ  бахастой.

Бынатыл сты Ника Мелиайы   адвокаттæ, Димитри Садзаглишвили, Бека  Басилаиа æмæ Гиорги Кондахашвили. Уыдон  домынц,   цæмæй  сын бæстыхаймæ бацæуыны бар раттой.  Афтæма    парламенты сæрдармæ бавдыстой куырдиат пропусктæ раттыны фæдыл,  цæмæй сæм уа  фадат мидæмæ бацæуын æмæ прокуррорæн  фарстытæ  сывæрын.

Акцийы хайадисджытæ архайынц, парламенты бæстыхаймæ   хæдтулгæты бацæуæн фæкуылымпы кæнын, фæлæ баынатыл æрымбырдуæвæг  барадхъахъхъæнджытæ сын уый фадат нæ дæттынц.