Ника Мелиа -   зонын цы равгыл дæ Миша, бирæ архайдтой знæгтæ  æмæ «хæлæрттæ» дæр, не хсæн исты æнæразыдзинад сцырын кæнын, фæлæ сæ ацы архæйдтытæ куы уыдтон, уæд мын тыхджындæр кодта мотиваци цæмæй дын баххуыс уон
Ника Мелиа - зонын цы равгыл дæ Миша, бирæ архайдтой знæгтæ æмæ «хæлæрттæ» дæр, не хсæн исты æнæразыдзинад сцырын кæнын, фæлæ сæ ацы архæйдтытæ куы уыдтон, уæд мын тыхджындæр кодта мотиваци цæмæй дын баххуыс уон

Стыр бузныг адæймагæн, кæцы уæлдай кæны йæ цард, цæмæй ацы бæстæйы, ацы горæты Гуырдзыстоны тырыса сæрибарæй фæйлауа – ахæм ныхæстæй ралæууыд «Националон Змæлды» Тбилисы мэртæм кандидат Ника Мелиа Руставелийы проспектыл уагъд акцийыл, кæцы фидиуæнæй раздæхтис Михеил Саакашвилимæ.
Мелиа куыд банысан кодта афтæмæй, уый æмæ Михеил Саакашвилийы æхсæн æнæразыдзинад сцырын кæнын архайдтой æндæр æмæ æндæр адæймæгтæ, фæлæ сын ницы рауадис.
«Стыр бузныг уыцы адæймагæн, кæцы 30 бон у, иунæгон камерæйы нæхæргæ протест дарддæр кæны, стыр бузныг йын. Зонын ныр нæм кæсы æмæ мæ фæнды сæрмагондæй уымæн зæгъон. Зонын цы равгыл дæ Миша. Бирæ архайдтой знæгтæ æви цавæрдæр хæлæрттæ, цæмæй не хсмæн исты æнæразыдзинад сцырын кодтаиккой, фæлæ ацы архйдтæм куы кастæн, ноджы фылдæр мотиваци мын уыд цæмæй дæ фарсмæ слæууыдаин æмæ алцыппæт саразон, цæмæй нæм уырдгæй ма кæсай, æмæ ам нæ фарсмæ уæвгæйæ сæрибарæй, æддæйæ уай, гуырдзыстоны аккаг патриот, стыр гуырдзиаг адæймаг, æрмæст ахæстоны ма уай. Фидар лæуу æмæ æнæниз æмæ хъæлдзæг куыд уай уыцы арфæтæ дын зæгъы мæ зæрдæ» – райхъусын кодта Мелиа.