Ника Мелиа -  хъуамæ  баиу  уæм, нæйы зæгъæм  импульсон  æмæ  эмоцион  скуыддзæгтыл
Ника Мелиа - хъуамæ баиу уæм, нæйы зæгъæм импульсон æмæ эмоцион скуыддзæгтыл

Хъуамæ  баиу  уæм,  нæзагъд ракæнæм   импульсон   æмæ эмоцион  скуыддзæгтыл,  бæстæйы фидæны тыххæй, æнæмæнгхъæугæ   къахдзæфтæ  саразæм  æмæ кризис  скæнæм  ног фадатæй –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»  сæрдар   Ника Мелиа  фыссы гом  фыстæджы, кæцыйы публикаци кæны  ахæстонæй.

Мелдиайы  дзырдæй,   процесс,кæцыйы Шарль Мишелы  медиацийæ райдыдта, егъау  шанс  у.

«Процесс, кæцы Шарль Мишелы  медиацийæ  райдыдта, егъау  шанс  у,ц æмæй  политикон кризисæй   нæхи раиуырдæм кæнæм  æмæ бæстæйы  фидæнæн  фадæтты  ног рудзынгæй скæнæм.  Уый тыххæй  хъæуы,  ацы  æххуысыл   фидар ныххæцæм,   растæй дзы  спайда  кæнæм уыцы  тыхархайдæй,  кæцыйы  нæ   зæлæрттæ  Гуырдзыстоны  паддзахад  аирвæзын кæнынæн  æвдисынц  æмæ ацы  хæларзæрдæ  ахастæ æдзæгъæлы ма  ныппаплой кæнæм.  Уый тыххæй   хъæуы,  олигархы  хицауад  æнæуæладйныхасæй сараза  уыцы  къахдзæфтæ, кæцымæ  йæ  нæ  ныгуылæйнаг  партнертæ  сидынц» –  хъусын кæны  Ника Мелиа.

Ника Мелиайы   фидиуæнæй, зæгъæг гуырдзыстоны хъæуы,   ног   æвзæрстыты фæстиуæг  æвзæрст  ног коалицион   хицауад.

«Хъæуы нæ ног  æвзæрстыты  фæстиуæгæн   æвзæрст  ног  коалицион  хицауад, кæцыйæн уыдзæн цæрджытæй   æууæнчы  стырдæр  мандат  æмæ  ног тыхтæй æмæ  эенргийæ   иттæг уæззау  проблемæтæ  аскуыддзаг кæнын бахъом уыдзæнг.   Нæ хæдбарады сегасдæр вазыгджын   рæтыназон  периоды рацыдыстæм,  бафæрæзтам  зынзæгъæн  фыдбылызтæн  æмæ кæддæриддæр   размæцыд кодтам – хатт  чысыл къахдзæфтæй,   хаттæй-хатт та  гæппгæнгæйæ»- райхъусын кодта Ника Мелиа.