Ника Мелиа  ахæстонæй рацыдис
Ника Мелиа ахæстонæй рацыдис

«Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиа  ахæстонæй рацыдис.  Æфхæрдæххæстгнæнæн  12-æм уагдоны цур Ника Мелиайæн йæ размæ рацыдысты   оппозицийы  минæвæрттæ æмæ йæ  фарсхæцджытæ.

Тæрхонгæнæг абоны  процессыл  сразы ис прокуратурæйы  куырдиатимæ, «Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиайæн ахсты фæдыл æфхæрды мадзал цъындыйæ фæивыны тыххæй. Ника Мелиайæн  ахст ивд æрцыд цъындыйæ. Цъындыйы  суммæ, 40  мин  лари  Евроцæдисы  эгидæйæ  рауæлдай кодта «Европаг  фонд  демократийæн».

Ника Мелиа абоны  рабадтыл  нæ уыдис, уымæн æмæ  йæ  фæнысангонд хъуыддаг кæсыны фæлгæтты,  тæрхонгæнæг  тæрхоны залæй  феддæдуар кодта.

Ника Мелиайæн  Тбилисы  горæты  тæрхондон 2019  азы  27 июны  æфхæрды мадзалы хуызæй  30 000 ларийы бæрц цъынды æмæ  уæлæмхас  арæнгæнæг  мадзæлттæ  стæрхон кодта, уый нымæцы  спайда кодтой  электронон мониторингæй.  Фæлæ 2020  азы  фыццаг  ноябры, адæмарæх   ран  æхсæнадон  фидиуæн аразыны  рæстæджы,  Ника Мелиа  электронон  мониторингæн  цы  цонгдарæн дартта  уый  къухæй рафтыдта. Уый фæдыл  прокуратурæ   æфхæрды мадзал фæкарз кæнын æркуырдта. Тæрхондоны 2020  азы 3 ноябры уынаффæйæ,   Ника Мелиайæн  æфхæрды мадзалы хуызæй  тæрхонгонд  суммæ 40 000  ларийæ  райрæзтис.  Бафидынæн  æмгъуыдæй  Мелиайæн лæвæрд уыд   50  боны, фæлæ «Иугонд националон Змæлды» сæрдар  цъынды  нæ бафыста, цæй тыххæй дæр  прокуратурæйы   куырдиатыл  æнцойæ, цæугæ азы  17 февралы  Ника Мелиайæн  тæрхондон  æфхæрды  мадзалæй  стæрхон кодта  æрцахст.

Ника Мелиайы  аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  225-æм статийы  фыццаг æмæ  дыккаг хайæ, кæцы къордон тыхмидзинады  организацидзинад, къухдариуæгад  æмæ  уым  хайад райсын  дары  йæ хъуыдыйы.