Ника Мелиа  акцийыл æрымбырдуæвджыты раз дзырдæй  ралæууыд
Ника Мелиа акцийыл æрымбырдуæвджыты раз дзырдæй ралæууыд

Мачи ма уæт  уый  æнхъæл цæмæй  исчи  фæбардзæн ацы  реалондзинады, ома Михеил Саакашвили, ацы бæстæйы   æртыккаг президент, ахæстоны  уыдзæн æхгæд  æмæ  мах та нæ тох ныууадздзыстæм, цалынмæ  уый  нæ рауадздзысты уæдмæ –  уый фæдыл  «Националон Змæлды»  сæрдар Ника Мелиа  Сæрибардзинады фæзыл  ацæугæ  акцийыл  дзырдæй  ралæуды  рæстæджы  райхъусын кодта.

Ника Мелиа  раррфæ кодта   оппозицион партийы  минæвæрттæ, кæцытæ абон  акцимæ рацæудзысты.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  кæд æмæ Бидзина Иванишвили  30 октябры  йæ ныфс бахæсдзæн  æмæ та йæ сæрмæ  схæсдзæн  2 октябры цы ракодта  уый,   йæ цæсгом бахъæцдзæн  тыхмидзинад,  гæртам банхъарын, æртхъирæнтæ, физикъон  æфхæрын  æмæ   мингай хуызы æлгъаг митæ, кæцытæ йын не сфаг сты  кæронмæ уæлахиздзинадæн, уæд     сюрприз макæмæн уа, цæмæй ноджы  фылдæр адæймаг рацæудзæн  протестмæ.

«Хæлæрттæ нæ  фæрсынц, цы у  уæ план зæгъгæ,  план та  у иунæг,  дыккаг  план   нæй  гæнæн  æмæ уа, æмæ ацы  иунæг план у  уæлахиздзинад.  Курæг уæ дæн,  алчи  30 октябры онг, фыццаджы дæр  хъуамæ  рацæуæм  æвзарæнон фадгуытæм,  цæстдарджытæй  æмæ  минæвæрттæй,  зивæг нæм ма бакæсæд,  уым хъуамæ  саразæм сабыр  удæгас сис, цæмæй паразиттæ  ма  адавой  ацы  бæстæйы  фидæн.   Стыргæнæн  авгæй  кæсдзыстæм Бидзина Иванишвилийы  минæвæрттæм.  Стыргæнæн авгæй кæсдзæн  æппæт ныгуылæйнаг  демократи.    Æцæгдæр æдзæсгом  хъуамæ  уа адæймаг, чидæриддæр,  зæгъгæ Иванишвили йæ баууæндыд махæй  хынджылæг кæнын, æмæ банхъæлдзæн цæмæй  йын мах ай æппæт фæбардзыстæм, уæд  ацы æнхъæлц  ацух кæнут.  20 октябры, алцыппæт  хъуамæ  саразæм сабырæй, цæмæй   ныхмæ слæууыны   хъом дæр ма бауа  Бидзина Иванишвили» –  райхъусын кодта Ника Мелиа.