Нидерландтæ рахастой уынаффæ Гуырдзыстонимæ арæнтæ байгом  кæныны  фæдыл
Нидерландтæ рахастой уынаффæ Гуырдзыстонимæ арæнтæ байгом кæныны фæдыл

Ниденрландты  хицауад  сбæлвырд кодта  Евроцæдисы бакуыст бæстæты номхыгъд, кæцыты æмбæстæгтæн  арæнтæ байгом кæндзæн.  16 бæстæйы  æхсæн ис  Гуырдзыстон дæр.

Нидерландты фæсарæн  хъуыддæгты  министрады  ахæлиугонд  фидиуæны  куыд у банысангонд  афтæмæй,   фыццаг июлæй   Нидерландтæ   райсдзæн  æмбæстæгты  Евроцæдисы  рекомендацигонд  фынддæс дæр бæстæйæ, уый нымæцы  Гуырдзыстонæй. Фæлæ банысангонд у  цæиæй  Китайы  æмбæстæгтæн  Европæмæ ныццæуын  сæ бон уыдзæн  æрмæст уыцы  цауы, кæд æмæ   Евроцæдисы  æмбæстæгтæн Китай  байгом кæндзæн  арæнтæ.

Нидерландты хицауад фæнысангонд  фарсты фæдыл Евроцæдисы  скуыддзагы  ратификаци скодта. Нидерландты  æддагполитикон уагдоны  банысан кодтой, цæмæй  ацы  бæстæты  коронавирусимæ баст   уавæр  æмбæлон у  Евроцйæдисы астæуккаг  бæрæггæнæнимæ, кæнæ та  хуыздæр у.

Евроцæдисы совет  30 июны  сбæлвырд  кодта уыцы  бæстæты номхыгъд, кæцытимæ арæнтæ  байгом кæныны фæдыл рекомендаци дæтты уæнг паддзахадтæн  Сæ нымæцы ис Гуырдзыстон дæр.

Евроцæдисы  советы фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  рекомендаци   юридиконæй  æмæнæгхъæугæ нæу æмæ  йæ сыххæстыл  бæрнон сты уæнг паддзахадтæ.