«NDI»-ы  иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарст цæрджыты 76 % дзурынц, цæмæй  фылдæр æхца хардз кæнынц  хæринагыл
«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарст цæрджыты 76 % дзурынц, цæмæй фылдæр æхца хардз кæнынц хæринагыл

«Националон –Демокративон Институты» (NDI)  æмæ   «Кавказы  Иртасæнты ресурсты центр (CRRC) Гуырдзыстон»-ы  абоны  публикацигонд   иртасæнмæ  гæсгæйæ,   райртасгондты 76 процент  дзурынц,  цæмæй сеппæтæй   фылдæр  æхца  хардз кæнынц  хæринагыл.

Иртасæнмæ гæсгæйæ,   цæрджыты 62 процент  дзурынц, цæмæй  сæрмагонд  æфтиаг  коммуналон фидтонтыл   хардз кæны,  афтæма   рафарстгондты 38 проценты  ныхæстæм гæсгæ,   фылдæр æхца  хардз кæнынц  хостыл, æрмæст 30  %  сæрмагонд æфтиæгтæ   кредиттыл  æм ипотекæтыл хардз кæнынц.

Иртасæн цыд  13-29 июлы  периоды,  Гуырдзыстоны масштабæй  (оккупацигонд территоритæй  цух), 2,131 комкоммæ  интервьюйы  бæрнонадон равзаргæйæ.

Рæдыд гæнæн ис уа   +/- 2-3  проценты.

NDI-ы  иртасæнтæ  æххæст цæуынц  Стыр Британийы   хицауады   UK aid-ы финансон  æххуысæй.  Рафарст уадзы  CRRC-Гуырдзыстон.