«NDI» -  рафарсты хайадисæг  гоймæгтæй,  кæцытæ  дзурынц, цæмæй  кæмæн схъæлæс кæндзысты парламентон æвзæрстытыл,  сæ фылдæр  загътой зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн»
«NDI» - рафарсты хайадисæг гоймæгтæй, кæцытæ дзурынц, цæмæй кæмæн схъæлæс кæндзысты парламентон æвзæрстытыл, сæ фылдæр загътой зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн»

«NDI»-ы  иртасæнмæ гæсгæйæ,   цæрджыты фылдæр  нæ  зонынц,  кæнæ та нæ  хъæр кæнынц уыцы  партийы ном, кæцыйæн дæр схъæлæс кæнид  2020 азы парламентон æвзæрстытыл.  Цæрджыты  æрмæст 27  %  бавдыстой  конкретон парти.

Фарстыл зæгъгæ сом  парламентон æвзæрстытæ  цæуынц,  кæцы партийæн схъæлæс кæндзыстут,   ацы  27 процентæй 17%,  загътой, зæгъгæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн», фондз процент та  «Иугонд Националон Змæлдæн».

Афтæма, иртасæны   банысангонд у, цæмæй   уыдон,  чидæриддæр æнæмæнгæй  райсдзысты хайад æвзæрстыты, (73%) «Гуырдзиаг Бæллицц) загътой 21 %,  «ИНЗ» -æн та  4%.

Иртасæнмæ гæсгæйÆ,   уыдон чидæриддæр  æвзæрстытæм ацæудзæн  æмæ  бæлвырдæй   зонынц  кæмæн   схъæлæс кæндзысты (32 процент)  фылдæр  дзурынц «Гуырдзиаг Бæллиццæн» (41%), «иугонд Националон Змæлдæн» та  аст  процент схъæлæс кæнид.

«NDI»  фæнысангонд  иртасæн  6-11  августы   периоды  Гуырдзыстоны  масштабæй   2,045 телефонон  интервьюйы  минæварадон равзæрсты  бындурыл, бæстæйы  æххæстаздзыд  цæрджыты  æхсæн  ауагъдта (оккупацигонд территоритæй  цух).  Рафарсты  астæуккаг  рæдыд у  +/- 1,3%-ы бæрц.