«NDI» иртасæны фæстиуджытæм гæсгæйæ, рафарст респондентты 66% хъуыды кæнынц, цæмæй  Гуырдзыстоны  экономикон  фидардзинад  тынг  æвзæр у
«NDI» иртасæны фæстиуджытæм гæсгæйæ, рафарст респондентты 66% хъуыды кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны экономикон фидардзинад тынг æвзæр у

«Националон Демокративон Институты» (NDI) иртасæны фæстиуджытæм гæсгæйæ, рафарст респондентты 66% хъуыды кæнынц, цæмæй  Гуырдзыстоны  экономикон  фидардзинад  тынг  æвзæр у.

Афтæма, 31 процент нымайынц,   цæмæй  экономикон  фидардзинад  нæ ивы,  4  процент та хъуыды кæнынц, цæмæй  Гуырдзыстоны экономикон уавæр  æвæрццаг.

Гуырдзыстоны «NDI»-ы  офисы  къухдариуæггæнæг  Лора  Торнтон презентацийыл куыд  загъта  афтæмæй,   ацы  экономикон уавæр дæр,  кæцыйыл бæрн  рафарстгондты фылдæр  хицауадыл  æвæрынц,   амоны  цæрджыты  ахаст  уымæ, цæмæй  бæстæ  æнæраст æрдæм рæзы.

Иртасæны  сæйраг акценттæ, растдæр экономика  æмæ æнæнизхъахъхъæды рдæм сты  здæхт .

Иртасæн цыд  13-29 июлы  периоды,  Гуырдызстоны масштабæй  (оккупацигонд территоритæй  цух), 2,131 комкоммæ  интервьюйы  бæрнонадон равзаргæйæ.

Рæдыд гæнæн ис уа   +/- 2-3  проценты.

NDI-ы  иртасæнтæ  æххæст цæуынц  Стыр Британийы   хицауады   UK aid-ы финансон  æххуысæй.  Рафарст уадзы  CRRC-Гуырдзыстон.