NDI – Гуырдзыстоны хæдуынаффæйы æвзæрстытыл, националон æмвæзады фарстатæ бааууон кодтой бынæттон нысаниуæгы фарстатæ
NDI – Гуырдзыстоны хæдуынаффæйы æвзæрстытыл, националон æмвæзады фарстатæ бааууон кодтой бынæттон нысаниуæгы фарстатæ

Æвзæрстытæ  фылдæр хайæ  уыдысты дзæбæх организацигонд, фæлæ  æвзæрстгæнджыты  æмæ  кандидатты  балхъывды  фæдыл  хъастытæ   актуалон сты –  уый фæдыл Америкæйы «Националон-Демократон Институты» (NDI) публикацигонд документы мидæг дзырдæуы,  кæцы  аргъ дæтты  Гуырдзыстоны  уагъд  хæдуынаффæйы æвзæрстытæн.

«Националон-Демократон Институты» (NDI) абон публикацигон 2021  азы  бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты  анализмæ гæсгæйæ,   нæкæсгæ  уымæ, æмæ æвзæрстытæ  конкурентон  æмæ  æмтгæй зæгъгæйæ  дзæбæх администриргонд уыд, æвзарæнон уавæр, сæрмагондæй та  политикон  уавæры, егъау сахъаттæ  процессыл æппæрццагæй  фæзындысты.  Организацийы  банысан кодтой, цæмæй 2021  азы  октябры  бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытæ  Гуырдзыстоны, 2020 азы парламентон æвзæрстыты фæстæ  сæвзæргæ  дæргъвæтин  политикон къуымауы контексты ацыд.

«Гуырымыхъхъ риторикæ  æмæ æфхæрæн   фидиуæнтæ æрмæст фæарфдæр кодтой  æнæуый дæр  поляризацигонд  политикон процесстæ, æрмæст  националон  æмвæзады фарстатыл  ориентаци та, ыбнæттон æмвæзады  хъæуындзинæдтæ баууон кодта.   Æхсæнады  скептицизмыл бæрн, æнæхъæнæй  æвæрд цæуы политикон спектрыл, уымæн æмæ  бæрæг куыд  у афтæмæй,  æхсæнады  хъæуындзинæдтæ  партион  интересты амæттаг  фесты», –  банысангонд у «Националон-Демократон Институты»  аргълæвæрды.

Документы хаст сты  рекомендацитæ дæр.

«Æхсæнадæмон  æмгуыстады фæндæй, NDI гуырдзиаг фарсытæн, дарддæры  рекомендацитæ  æнхъары æмæ сын афтæдæр сæ сыххæст  æххуысмæ  цæттæдзинад дæр фиксир кæны: – фæдылдзог  æвзарæнон циклы  демократон  политикон  процесстæм æхсæнады  бæрзонд æууæнк райсынæн, партитæ  политикон  хъаугъа кæрон скæнынæн,  дзыллæйы раз  сæрмагонд бæрн сыххæст кæнынæн  æмæ æвзæрстгæнджыты интерестæ ауадзынæн  намысджын  тыхархайд  хъуамæ  равдисой;

– арæзт хъуамæ  уа  бæрнондзинады механизмтæ, цæмæй  хицауадон  оргæнтæ  æвзæрстыты периоды равдисой объективондзинад  æмæ  администрацион  ресурсæй  фæлхас кæнын маруадзой. Барадхъахъхъæнæг  уагдæттæ, хъуамæ фæдаугырд ауадзæт  æвзæрстгæнджыты æмæ кандидатты тасы æфтауыны  æмæ  æфхæрды гæнæн фактты фæдыл.

– кампани финанскæнынад  æргом, цæмæй  уа æмæ йыл цæстдарынад стынг кæнынæн, паддзахадон уагдæттæ  бæрнон хъуамæ уой  политикон  кампаниты  финансдзинады уагæвæрды алы гæнæн  халыны, уый нымæцы потенцион  æнæзаконон æфтиæгты, æнæдеклариргонд  хардзты æмæ æртыккаг фарсы   хардзты, систематонæй рабæлвырд кæныныл.  Финансон  хыгъдлæвæрдты анализ, афоныл  хъуамæ цæуид  æмæ рæувадат уа æхсæнадæн.

– Æвзæрстгæнджыты информиргонд æвзæрст сифтонг кæнынæн, æвзæрстыты периоды медиарегуляцитæ  æмæ практикæ  ногæй æркæсын хъæуы, цæмæй   алыг уа  рабæрæгггонд  проблемæтæ,  сæ нымæцы  ахæм фарстатæ, цахæмдæр сты журналистты ныхмæ тыхмидзинад, медийæ æвзæрстыты срухс кæнын, æвзарæнон субъекттæни рæувадат медиа æмæ  кандидатты дебаттæ», –  дзырдæуы NDI-ы публикацигонд  документы.