NDI - Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг, закъонмæ æмбæлгæйæ, кандидатты æхсæн дыууæ  дебат ауагъта
NDI - Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг, закъонмæ æмбæлгæйæ, кандидатты æхсæн дыууæ дебат ауагъта

Медийы минæвæрттæ  æвзарæнон  периоды  арæх  иу банысан кодтой  дебатты  æмæ   ток-шоуты фæткдæттæг партийы  хайадыл фидыд куыд  вазыгджын у уый, кæцы арæх æндæр кандидатты æрдгæй  хайадыл  нæзагъд иу  расайдта – уый фæдыл  Америкæйы «Националон-Демократон Институты» (NDI)  публикацигонд документы мидæг дзырдæуы,  кæцы  аргъ дæтты  Гуырдзыстоны  уагъд  хæдуынаффæйы æвзæрстытæн.

Документы мидæг банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг, закъонмæ æмбæлгæйæ, кандидатты æхсæн  дебаттæ  ауагъта.

Банысан кæнын хъæуы уый, цæмæй  «Иугонд националон змæлды» кандидат, Ника Мелиа  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы   организагонд дебаттæ ныууагъта, йæ фоормат куы скритикæ кодта æмæ нæзагъд ракодта  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  кандидат æмæ архайæг  мэримæ иу тыгъдады  уæвыныл. Медийы минæвæрттæ  арæх  иу банысан кодтой дебатты æмæ ток-шоуты фæткдæттæг партийы  хайадыл фидыд куыд  вазыгджын у уый, кæцы иу арæх æндæр кандидатты æрдгæй  хайадыл  нæзагъды аххосæй  ссис» –  дзырдæуы  NDI-ы документы.