НАТО-ы уæнг  бæстæты  хъахъхъæнынады тыхты сæргълæуджытæ  ауадздзысты фембæлд гуырдзиаг æмæ украинаг коллегæтимæ
НАТО-ы уæнг бæстæты хъахъхъæнынады тыхты сæргълæуджытæ ауадздзысты фембæлд гуырдзиаг æмæ украинаг коллегæтимæ

12-13 январы НАТО-ы уæнг  бæстæты  хъахъхъæнынады министрты  æфсæддон комитеты рабадт ацæудзæн.

Цæгататлантикон  организацийы  пресс-куысты  информацийæ, 13  январы  альянсы  уæнг  бæстæты  хъахъхъæнынады тыхты  сæргълæуджытæ  ауадздзысты фембæлд гуырдзиаг æмæ украинаг коллегæтимæ.  Фембæлд уыдзæн  виртуалон режимы.

НАТО-ы  пресс-куысты   хъусинагæй,   виртуалон фембæлдыл Гуырдзыстоны æмæ  Украинайы æдадсзинады  æрдгæй  уæвæг   уавæр æмæ   хъахъхъæнынады   сферæимæ  баст   реформæты цыд афæлгæсдзысты.