НАТО Уæрæсейы иудадзыг минæварады авд кусæгы феддæдуар кæндзæн
НАТО Уæрæсейы  иудадзыг  минæварады  авд   кусæгы феддæдуар кæндзæн

Сергей Скрипалы  хъуыддагмæ гæсгæ,  НАТО, Брюсселы   Уæрæсейы  иугæндзон  минæварады  авд кусæгы раддæдуар кæндзæн.  Уый фæдыл  цæгат-атлантикон альянсы  генералон  нымæрдар, Йенс Столтенберг  райхъусын кодта.

Уымæй  уæлдай,  НАТО 30-æй  20-ы онг фæкъаддæр кодта  уырыссаг дипломативон миссийы уæнгты  нымæц.  Альянсы  урæд æрцыд   æртæ уырыссаг  дипломатæн аккредитацийы  фарсты  каст дæр.

Йенс  Столтенберг  банысан кодта, цæмæй  уырыссаг дипломатты  раддæддуар кæнын  альянсы  Уæрæсеимæ ахастыты  политикæ нæ фæивдзæн.

14 марты  Стыр Британийы премьер-министр  Тереза Мэй райхъусын кодта, цæмæй  Стыр Британий Уæрæсейы  иуыл бæрзонд  хицауадимæ  алы хуызы  контакттæ аскуыдта  æмæ ацы скуыддазг  сахар  Солсберрийы  раздæры  дывæр агенты  Сергей Скрипалы æмæ   йæ  чызгы  фæхъæстæйы  тыххæй  райста.  Британий æрцæугæйы  азымджын кæны  Уæрæсейы.

 

Знон Европаг  советы президент  Дональд Тускъ  куыд банысан кодта афтæмæй,  евроцæдисы  14 уæнг  бæстæ, аскуыддзаг  кодтой  уырыссаг  дипломатты  раддæдуар кæнын.

Афтæма, АИШ-æ  бæстæйы  ратардзысты  60  уырыссаг дипломаты  æмæ Сиэтлы  уæвæг  Уæрæсейы  консулад сыхгæндзæн.