НАТО-йы  дæсгай нау  Балтийы  денджызмæ бацыдысты æмæ æфсæддон маневрты райсдзысты  хайад
НАТО-йы дæсгай нау Балтийы денджызмæ бацыдысты æмæ æфсæддон маневрты райсдзысты хайад

НАТО-йы  дæсгай  наутæ Балтийы Денджызмæ  бацыдысты  æмæ  æфсæддон  маневрты исдзысты хайад. Ахуыртæ номхуындæй  «НАТО Балтопс 2020»  16 июнмæ  аххæсдзæн.

НАТО-йы  пресс-ентры  фехъуасын кодтой,  цæмæй маневрты  хайад райсдзæн 29  нау  æмæ  авиатехникæйы  29   иуæг. Ахуыртæ  Германийы æмæ Данийы  былгæрон, Балтийы  дæнджызы хуссар-ныгуылæн хайы  цæуынц.

НАТО-йы   штаб-хæдзары дзурынц, цæмæй  æфсæддон маневарты  альянсы 17 уæнг паддзахады  3000 æфсæддон уыдзæн баст.  Афтæма  маневарты  хайад исынц   НАТО-йы  партнер  паддзахадтæ –  Швеци æмæ  Финлянди.  Пандемийы тыххæй   ахуыртæ  ацæудзысты æрмæстдæр денджызы.

Уæрæсейы  паддзахадон   думайы  райхъусын кодтой, цæмæй  НАТО-йы  ахуыртæ  антиуырыссаг равг хæссынц.