НАТО-Гуырдзыстоны советы  фæлгæтты, 27 марты  Брюсселы  сырæздзæн фембæлд
НАТО-Гуырдзыстоны советы фæлгæтты, 27 марты Брюсселы сырæздзæн фембæлд

НАТО-Гуырдзыстоны советы  фæлгæтты, 27 марты  Брюсселы  сырæздзæн фембæлд –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр, Давит Залкалиани  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   НАТО-Гуырдзыстоны  советыл,  Сау Денджызы  æдасдзинады  фарстатæ  æркæсдзысты.

«Сау Денджыз  сындæггай  йæхимæ æздахы НАТО-йы   хъусдард.  Мах ныридæгæн ис бадзырд НАТО-имæ, цæмæй  бæрæг сты  цалдæр сæйраг  ардæмад, кæцытæ  дæттынц  фадат, практикон   æмкуысткæнынады æрдæм саразæм  къахдзæфтæ.  Фембæлд, кæцы   НАТО-Гуырдзыстоны советы фæлгæтты   сырæздзæн 27 марты Брюсселы æмæ сæрмагондæй  Гуырдзыстоны фæдыл  уыдзæн, растдæр ацы  æрдæм уыдзæн,  цæмæй  ауæрæхдæр кæнæм  Сау Денджызыл НАТО æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмгуыстад» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.

НАТО-йы  генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ æрцыд.  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  Столтенберг  Тбилисы официалон фембæлдтæ  сом  райдайдзæн.

25 марты  къурисæры  НАТО-ы   генералон  нымæрдар  хицауады  администрацийы  фембæлдзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, цæй фæстæдæр   медийы минæвæрттæн иумæйаг фидиуæнтæ  сырæздзæн.

Афтæдæр  палангонд у  Йенс Столтенбергы  фембæлд Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвилиимæ  æмæ  Гуырдзыстоны парламенты   сæрдар Ираклий Къобахдзеимæ.

Визиты  фæлгæтты  Йенс СТолтенберг  «НАТО-Гуырдзыстоны  иумæйаг  ахуыры æмæ аргълæвæрды  центрмæ»  (JTEC)   дæр бацæудзæн.