НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы камисы  рабадтыл фæныхас кодтой Гуырдзыстонæн МАР раттыны фарстайыл
НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы камисы рабадтыл фæныхас кодтой Гуырдзыстонæн МАР раттыны фарстайыл

Гуырдзыстонæн  МАР-ы (уæнгдзинады  архайадон планы)  раттыны   фарстайыл  абоны  фембæлдыл фæныхас кодтам – ацы фидиуæн  НАТО-ы генералон   нымæрдар  НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы  камисы  иумæйаг   рабадты фæуды фæстæ, пресс-кофнеренцийыл журналисты фарсты дзуаппæн  сарызта.

Фембæлдыл Гуырдзыстонæн   уæнгдзинады  архайадон планы  раттыны  фарста рахæцыдысты размæ  æмæ  фæсарæн хъуыддæгты министртæм  уыдис хъуыды.  Уый тыххæй  ацы  фарстайыл дзуапп  раттыны  бар сын  ратдзынæн  уыдонæн.   Мæнæн мæ бон у зæгъын  цæмæй  йæ фарс хæцæм   Гуырдзыстон НАТО-йы  уæнгсуæвынæн.  НАТО Гуырдзыстонæн æххуыс кæны   реформæты  сæххæсты  æмæ   гарзджын тыхты модернизацийы» – райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.

Абоны  пресс-конференцийыл  НАТО-ы  генералон   нымæрдар  ноджы иу хатт  бафаудта Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны регионты  оккупаци æмæ  æрсидтис Мæскуымæ  акæна йæ фсад  Гуырдызстоны территорийæ.

«Уæрæсейы агрессивон ахасты æмæ  сыхæгты  арæнтæн æнæцытлæвæрды  дæнц  у  Гуырдзыстоны  регионты , Абхазы æмæ  «Хуссар Ирыстоны»   Уæрæсейы  æфсæддæтты  уæвын.  Уæрæсефæстæмæ хъуамæ ахæсса   Гуырдзыстоны регионты  зæдбар паддзахадтыл банымады  уынаффæ  æмæ   акæна йæ æфсад  Гуырдызстоны регионтæй. Мах æрныхас кодтам, цæмæй  адарддæр  кæндзыстæм  къуындæг  æмгуыстад, цæмæй  æрцæттæ кæнæм  Гуырдзыстон  НАТО-ы уæнгсуæвынмæ.  Мах  ноджы  иу хатт  банымадтам  Гуырдзыстоны  æрдгæй  сæххæст  нысаниуæгджын реформæтæ. Афтæдæр   бузныг   загътам  Гуырдзыстонæн Афгъанистаны  миссийы  контрибуцийы тыххæй» –  райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.