Натиа Турнава -  фæнды мæ  бузныг зæгъын  Германийы хицауадæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   карантины  æнæмæнг хъæуындзинад аивыны тыххæй
Натиа Турнава - фæнды мæ бузныг зæгъын Германийы хицауадæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн карантины æнæмæнг хъæуындзинад аивыны тыххæй

Экономикæ   æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава райы Германийы  Федеративон  Республикæйы  уынаффæйæ,  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн, æнæмæнгхъæугæ  карантин аивды фæдыл.

Дзырæдуы  æмбæстæгтыл, кæцытæн ис барлæвæрд   Германимæ балц кæнынæн,  конкретон нысанæн, уыдзысты кусæн аууæлттæ,  ахуырад райсын-адарддæр кæнын, хоскæнынад, 15 июнæй  сын  карантин арвитыны хæс  аивдтой.

Экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава  Германийы  экономикæйы æмæ энергетикæйы министрады парламентон   паддзахадон  нымæрдаримæ Томас Барайимæ  дыууæ бæстæйы æхсæн  авиацион  змæлды æмæ  туристон  секторы  æмгуыстад сног кæныны  фарстаты,  цалдæр  боны размæ  æркастысты.  Онлайн  фембæлдыл   афтæдæр  бавнæлдтой  дыууæфарсон  экономикон æмгуыстады æндæр приоритетон æрдæмадтæм.

Гуырдзыстоны   фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд  информацимæ гæсгæ, Германийы хицауады  уынаффæйæ,  «Ковид-19»-ы  пандемийы тыххæй  архайæг  æвæрццаг уавæр  нымайгæйæ,   Гуырдзыстон нæ хауы Роберт Кохы  институты  публикацигонд  уыцы  бæстæты  номхыгъдмæ,  кæцытæ  нымад цæуынц  риск хæссæг бæстæтыл æмæ Германимæ ацы бæстæтæй ныццæугæ   бæлццæттæ, æнæмæнг  уагæй  дæлбар сты  карантин арвитын.