Натиа Турнава - Сенаторты куырдиат, æнæхъусдард æмæ æнæреакци нæ баззайдзæн
Сенаторты куырлиат хицауады æрдгæй æнæхъусдард æмæ æнæ реакци нæ баззайдзæн – уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава райхъусын кодта, сентаорты Джеймс Ришы æмæ Джин Шахины фыстæгмæ гæсгæ, кæцыйæ уыдон Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариамæ æрсидтысты.
Турнавайы аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны хицауадæн кæддæриддæр интересон уыд АИШ-ы хицауады æндæр æмæ æндæр къалиуты минæвæрттæ курдиæттæ.
«Махæн кæддæриддæр зæрдыл бадарианг сты нæ ныгуылæйнаг, америкаг партнерты хицауады æндæр æмæ æндæр къалиуы минæвæртты куырдиæттæ. Æнæкæсгæ умæ, цæмæй хаттæй хатт ацы фæстаг периоды сæрмагондæй æнæасгæрст информацийыл æнцой кæны ацы куырдиат, мах цæй зæгъын æй хъæуы , стыр хъусдардæй æркæсдзыстæм ацы куырдиæттæ æмæ æмбæллон реакци дæр равдисдзыстæм»- райхъусын кодта Натиа Турнава.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уымæй уæлдай гуырдзиаг фарс бацархайдзæн, максималонæй раст информаци бадæтта АИШ-ы хицауады æндæр æмæ æндæр къалиуы минæвæрттæн.