Натиа Турнава - Мах æрмæст райгонд уыдзыстæм,  кæд æмæ Гуырдзыстон-Уæрæсейы  æхсæн комкоммæ  уæлдæфон змæлд  сног уыдзæн
Натиа Турнава - Мах æрмæст райгонд уыдзыстæм, кæд æмæ Гуырдзыстон-Уæрæсейы æхсæн комкоммæ уæлдæфон змæлд сног уыдзæн

Мах æрмæст райгонд уыдзыстæм,  кæд æмæ Уæрæсейы  официалон   зылдтæ   ногæй æркæсдзысты  ист скъуыддзагмæ  æмæ Гуырдзыстон-Уæрæсейы  æхсæн комкоммæ  уæлдæфон змæлд  сног уыдзæн –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады министр, Натиа  Турнава  журналисттæн   хицауады  рабадты фæстæ  загъта.

Афтæма  йæ  æмбарынгæнæнæй,   «Росавиаци», «Сибыры Авиахаххытæн» («С-7»)  Мæскуыйæ Кутаисы  æрдæм тахтыты  сыххæсты бар кæй  ратта, нæ нысан кæны уый цæмæй  авиа-змæлд сног ис.

«Сымах зонут мæ  ахаст ацы  фарстамæ. Бирæ хатт загътон,  цæмæй мах æрмæстдæр  райгонд уыдзыстæм, кæд Уæрæсейы  официалон узылдтæ, ногæй æркæсдзысты  ист скъуыддзаг  æмæ сног уыдзæн  комкоммæ  авиазмæлд Гуырдзыстон-Уæрæсейы æхсæн.

«Росавиаци»  «Сибыры авиахаххытæн» («С-7»), Мæскуыйæ  кутаисы  æрдæм   тахтыты   сæххæсты  бар ратта.   Æмбæлон   документ Уæрæсейы  уæлдæфон  транспорты  федералон  агентады   официалон  веб-фарсыл у публикацигонд. Барамынд  15 октябрæй  у датæвæрд.