Натиа Турнава - Кæд æмæ Уæрæсеимæ тахтытæ  сног уыдзысты ввахс перспективæйы, уый  иттæг  позитивон рæзынад  уыдзæн  нæ базарæн
Натиа Турнава - Кæд æмæ Уæрæсеимæ тахтытæ сног уыдзысты ввахс перспективæйы, уый иттæг позитивон рæзынад уыдзæн нæ базарæн

Кæд æмæ   Уæрæсеимæ  тахтытæ   сног уыдзысты ввахс  перспективæйы,  уый  иттæг  позитивон сигнал æмæ  позитивон  рæзынад  уыдзæн  нæ базарæн –  уый фæдыл   экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ  рæзынады  министр  Натиа Турнава   хицауады  рабадты  фæуды  фæстæ журналисттимæ ныхасы рæстæджы   загъта.

Натиа Турнавайы дзырдæй, зæгъгæ  æнæкæсгæ  уымæ, цæмæй хицауад  максималонæй  сæ фарсмæ слæууыд   туристон   индустрийæн æмæ фысымуаттæн,   негативон   тенденци  нырма нæ  фæстæ нæ  фæуагъдтам.

«Мæнæн  куыд  экономикæйы министрæн, мæ бон у  сбæлвырд кæнын  æмæ ныридæгæн бæрæг у  статистиконæй дæр, цæмæй   Уæрæсейы æрдгæй  тахтыты урæд, тынг серьозон  зиан æрхаста.  Цæмæй  цифрæты  тыххæй  бирæ  ма дзурон, уый тыххæй  зæгъдзынæн Националон Банкъы  бæрæггæнæнты тыххæй, цæмæй   бæрæг у, æхсæнадæмон туристон   балцæй  æрбафтгæ  суммæтæ  къаддæр кæй  кæнынц.   Уый та  нын амоны,  цæмæй,   æнæкæсгæ  уымæ æмæ  максималонæй сæ фарсмæ слæууыдыстæм  туристон индустрийæн,  æмæ сæрмагондæй та  чысыл  фысымуатæн æмæ бинонты  типы  фысымуаттæн, ацы  негативон тенденци  нырма нæ фæстæ нæ фæуагъдтам æмæ нæм ныфс ис фидæны  бахъом уыдзыстæм уый саразын.  Ардгæй рацæугæйæ,   кæд  тахтытæ  сног уыдзысты æввахс  перспективæйы,   уый   уыдзæн  иттæг  позитивон сигнал æмæ  позитивон  рæзынад   нæ базарæн»,- райхъусын кодта  Натиа Турнава.

Уæрæсейы   фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров, 26 сентябры  райхъусын кодта,  ома уый  Гуырдзыстонимæ  авиазмæлды  сног кæнынимæ разы у.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстонмæ  авиа-бастдзинады  сног кæнын  раст къахдзæф  уыдзæн.

Уæрæсейы  Гуырдзыстонимæ  комкоммæ авиазмæлд,  8 июлы  баурæдта.