Натиа Турнава,  Ильхам Алиевимæ  фембæлд
Натиа Турнава, Ильхам Алиевимæ фембæлд

Экономикæйы  æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава  Азербайджаны Республикæйы президент Ильхам Алиевимæ  фембæлд.

Экономикæйы  министрады   информацийæ,  фембæлдыл Натиа Турнава  бузныг расидтис  Азербайджаны  лидерæн,  хъарм райсты  æмæ  фарс рахæцыны  тыххæй, кæцыйы   Азербайджан æвдисы  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады  банымады æрдгæй.  Банысан ис цæмæй  Азербайджан  Гуырдзыстоны  стратегион партнер  æмæ æууæнкаг  сыхаг у,  уый тыххæй дæр Гуырдзыстон  стыр хъусдард здахы  дыууæфарсон  ахастытæ  фæстæдæр  райрæзын кæныны æрдæм.

Ефмбæлдыл фæрстæ  фæныхас кодтой  регоины  сабырад бахъахъхъæды   нысаниуæгыл, кæцы   æнæмæнгхъæугæ у  бæстæты  æххæстаргъджынæй райрæзын кæнын  æмæ глобалон   нысаниуæгы   транспортон-энергетикон  проектты  релизацийæн.  Бахахх ис  Гуырдзыстон æмæ Азербайджаныл  цæугæ  транспортогн   кæлидоры  эффективондзинады  æмæ   конкурентхъомад сбæрзонддæр кæныны нысаниуæг,  нæ  бæстæты  транзитон  потенциалы  популяризаци   æхсæнадæмон æмвæзадыл  æмæ   ацы æрдгæй   иумæйаг  тыхархайд аддарддæр» –  дзырдæуы   экономикæйы министрады  публикацигонд  информацийы.

Фембæлдыл хъусдард здæхт æрцыд  Гуырдзыстон æмæ  Азербайджаны  æхсæн базарадон  экономикон  æмкуысткæнынады  бæрзонд хъæдыл. Азербайджан Гуырдзыстоны  сæйраг базарадон  партнер  бæстæты æхсæн æртыккаг бынат ахсы  9% хайæ,афтæдæр 2018 азы  бæрæггæнæнтæй   ставддæр инвестор  бæсæты  æхсæн фыццаг бынатыл  ис  19  процентджын хайæ. Афтæдæр бахахх ис  æнтыстджын æмгуыстад  туризмы  къабазы.  Ивгъуыд азы  Азербайджанæй визиторты  рæзт  аххæссыд 9 процентмæ æмæ ацы бæрæггæнæнæй   Азербайджан у  лидер.

Натиа  турнава  хъусдард раздæхта  цæугæ  азы  22-23  октябры Тбилисы плангонд  Зæлдаг Фæндаджы  форумы æрдæм,  кæцы ацы аз æртыккаг хатт ацæудзæн  æмæ ныфс разагъдта, цæмæй  Азербайджан  фæнысангонд мадзалыл  бæрзонд æвиæзадыл бавдыст уыдзæн.