Натиа Турнава – Автсриаг «OMV» -ы æрбацыд, ноджы иу бæлвырдгæнæн у, цæмæй  Гуырдзыстоны  уæвæг  бизнесæрдз  у рухсдзыд æмæ зæрдæмæдзæугæ
Натиа Турнава – Автсриаг «OMV» -ы æрбацыд, ноджы иу бæлвырдгæнæн у, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг бизнесæрдз у рухсдзыд æмæ зæрдæмæдзæугæ

Дунейы   нефтгиганттæн  Европæйы сегасдæр хуыздæр дæсы æхсæн уæвæг  австриаг  нефткомпани «OMV»   Гуырдзыстоны   гом æхсæнадæмон тендеры фæуæлахизы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны  нефты æмæ  газы  бацагуырд- амалгæнæн куыстытæ  сæххæст кæндзæн, – уый фæдыл  абон экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады министр  Натиа Турнава  хицауады  администрацийы  уагъд брифингыл фехъусын кодта.

Экономикæйы министрады информацийæ,  2020 азы  22   июны, Гуырдзыстоны   экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министрады хицауадон барады  юридикъон уæнг   нефты æмæ  газы агентад, нефты  æмæ  газресурстæй  фæлхасады  генералон лицензи райсынæн, Сау Денджызы  II æмæ III  лицензион блокътыл,  æргом æхсæнадæмон тендер  ауагъдта, кæцыйы  рæстæджы II лицензион  блокъыл  уæлахизгондыл нымад æрцыд  ставддæр австриаг  нефткомпани «OMV»-ы къорды уæнг   « OMV PETROM S.A».

Сæ информацийæ,  тендеры  уæлахизгонд компани  сейсмоагурæн  куыстытæ  ауадзыны фæстæ,  бæраггæнæн  куыстытæм æрывналдзæн.  Фæнысангонд  австриаг  компаниимæ баст у   Румынийы территорион дæтты  уæвæг «Домино»-йы  гуырæнуаты ссарын, кæцыйы  аргъ, 1,5 миллиард АИШ доллар у.

Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ  Гуырдзыстон Сау Денджызы  бæстæтæй иунæг у, цы  ран шельфы фадыгыл нефты æмæ   газы  бацагуырд нæ цæуы.