Натиа Мезвришвили – Курæг стæм алкæмæй,  ма  сцырын кæнут ситуаци, æндæр цауы,  полици архайдзæн сæрмагонд мандатмæ æмбæлгæйæ
Натиа Мезвришвили – Курæг стæм алкæмæй, ма сцырын кæнут ситуаци, æндæр цауы, полици архайдзæн сæрмагонд мандатмæ æмбæлгæйæ

Æвзæрстыты  цыды  рæстæджы   фæбæрæггонд  барадсастыты тыххæй,  Мх  министры  хæдивæг Натиа Мезвришвили  фæныхас кодта.

Мезвришвили  куыд райхъусын кодта  афтæмæй,   администрацион æгъдауæй,   полицимæ ныхмæ лæуды  æмæ  лыстæг  хулинагндзинады   тыххæй,   барадхъахъхъæнджытæ рацахстой  фондз уæнгы,  æрмæст фæдæвзарæн зæгъгæ  райдыдта  тугтæрхоны барады дыууæ  хъуыддагыл.

«Æнæиухатт  банысан кодтам, цæмæй  абон полицийы сегасæй  сæйраг   рард у  сæрфад  скæнын æмæ  æвзæрстытæ  сабыр æмæ æдас уавæры  ауадзын.   Ратсдæр ацы  нысанæй,   полицион тыхтæ райуæрстам æппæт бæстæйы   масштабæй.   Афтæдæр бирæ  хатт  æрсидтыстæм  алкæмæ,   сæ нымæцы  координацигæнджытæм,   политикон партиты  минæвæрттæм æмæ  фарсхæцджытæм,  цæмæй бахъахъхъæдтаиккой закъон  æмæ  тас  ма  сæвзæрын кодтаиккой   æвзæрстыты сабыр  уавæры ауадзын.

Æнæкæсгæ  бирæхаттон  сидтмæ,  хъыгагæн  æвзарæнон фадгуыты  алфæмбылæйтты  территорийыл  æрцыд куыд  администрацион барадсасты афтæ,   фыдракæнды нысæнттæ хæссæг   архайдтæ.

Цалдæр фактыл  полици  реагирдзинад равдыста – администрацион  æгъдауæй    полицимæ ныхмæлæуды æмæ  лыстæг хулигандзинады  тыххæй  ахсты сты   фондз гоймагы,   æрмæст фæдагуырд райдыдта  тыгтæрхоны барады  дыууæ   хъуыддагыл»-  райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ, МХМ  максималонæй  архайы,    барадсасты фактытæ  афт  кæрон  скæнын,  æмæ зиан ма æрхæсса  æвзарæнон  процессæн.

«Æнæкæсгæ уымæ, хъыгагæн бæрæг у   уавæры  сцырын кæныны  архайдтæ  æмæ   провокацитæ,    сфиксир сты  поллицимæ ныхмæлæуды   фактытæ,  сæ  куывсты  бахъыгдарыны  æмæ   кæрæдзимæ быцæудзинæдтæ,   уый  нымæцы   а. х  æвзарæнон   номхыгъдты тыххæй.

Ноджы иу  хатт курæг дæн алкæмæй, – политикон партитæй, сæ фарсхæцджылтæй, координацигæнджлытæй æмæ цæтдарджытæй,  уæ  зæрдыл дарут  закъон  æмæ   ма  цырын кæнут уавæр.  Æндæр цауы,   полици  архайдзæн    сæрмагонд  мандатмæ æмбæлгæйæ, уый тыххæй цæмæй   афоныл   превенци скæна    цыфæнды провокацитæ æмæ быцæудзинад, æмæ  æвзарæнон процесс  ацæуа   сабыр уавæрты.

Полицийæн, куыд нейтралон   уагдонæн,  бынтон ницы  уæлдай у  чи уыдзæн барадсæттæг кæнæ фыдгæнæг, алкæй ныхмæ дæр   реакци уыдзæн  æмбæлон» – райхъусын кодта  Натиа Мезвришвили.