Наркотикон фыдракæнды тыххæй ахст æрцыдысты æртæ уæнгы, сæ нымæцы экономикæйы министрады кусæг
Наркотикон фыдракæнды тыххæй  ахст æрцыдысты  æртæ уæнгы, сæ нымæцы  экономикæйы министрады  кусæг

Гуырдзыстоны  МХМ-ы  хъусинагæй,  Тбилисы   наркотикон фыдракæнды тыххæй,  ахст æрцыдысты  Гуырдзыстоны æртæ  æмбæстаг: 1980 азы гуырд И.Г. ; 1981 азы гуырд Г.Ш. æмæ  экономикæйы æмæ   æнæцудгæ тынгады  министрады   кусæг  1983 азы гуырд  О.И.

Дзырдæуы  наркотикон фæрæзты сæрмагондæй  егъау бæрцæй æнæзакъононæй балхæд-бавæрыны  æмæ  наркотикты реализацийы фактытыл.

И.Г. –йы  ныхмæ    райдыдта  фæдагуырд,  наркотикты сæрмагондæй  егъау  берцæй  æнæзакъононæй балхæд-бавæрын æмæ реализацийы  фактыл, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  8-æй  20  азы онг ахстæй æфхæрд кæнæ та  цæрæнбойнон ахст.

Г,Ш-ы  ныхмæ  фæдаугырд  цæуы,  наркотикты сæрмагондæй  егъау бæрцæй балхæд-бавæрыны  тыххæй, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  8-æй  20  азы онг ахстæй æфхæрд кæнæ та  цæрæнбойнон ахст.

Экономикæйы министрады   кусæгы  О.И-йы  ныхмæ  хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд,  наркотикон фæрæзты  сæрмагондæй  стыр бæрцæй  балхæд-бавæрыны фактыл, кæцы йæ  хъуыдыйы дары   5-æй  8 азы онг ахстæй æфхæрд – дзырдæуы  МХМ-ы  хъусинаджы.