«Намохван-гэс»-ы ныхмæ акцигæнджытæ  Республикæйы фæзыл, фæндаджы  цæуæн хайыл   цатыртæ сывæрдтой æмæ хъусынк æнынц,ц æмæй  протесты ацы формæйы тыххæй æрныхас кодтой мериимæ
«Намохван-гэс»-ы ныхмæ акцигæнджытæ Республикæйы фæзыл, фæндаджы цæуæн хайыл цатыртæ сывæрдтой æмæ хъусынк æнынц,ц æмæй протесты ацы формæйы тыххæй æрныхас кодтой мериимæ

«Намохван-гэс»-ы арæзтады ныхмæ  акцийы  хайадисджытæ  Тбилисы,  Республикæйы  фæзыл  халагъудтæ  вæрын  райдыдтой.

Акцийы  хайадисджыты  хай  цатырты базззаын хъавынц.

«Протестмæ  бирæ  адæймаг иу кæны  æндæр æмæ æндæр регионтæй,  бирæтæ æрцыдысты, уыдон ам  баззайдзысты æмæ æхсæв сбон кæндзысты.  Цæмæй  амалуæвгæйæ нормалонæй  сбон кæной, уыдонæн  сты  ацы цатыртæ,  ам баулæфдзысты.  Цас рæстæг  аххæсдзæн ацы  уавæр  уый  баст у   куыд  сымбæлдзæн хицауад  æркуырдтыл  кæцытæ  айзæлын  кодтой Рионы Комы  хъахъхъæнджытæ» – райхуъсын кодта  акцийы  хайадисæг  Саба  Квантришвили.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ,   Республикæйы фæзыд  50-ы  бæрц  цатыр сывæрдзысты.

Фарстыл «План кæнут æви нæ фæндлаг сыхгæнын?» 0   акцийы  хайадисæг  дзуапп дæтты, цæмæй  протесты  ацы формæ   мериимæ  разыгонд  у зæгъгæ.

Акцийы  хайадисджытæ æнхъæлмæ кæсынц   сæрмагонд æркуырдты фæдыл  хицауады  уынаффæмæ.

Уыдон куыд дзурынц  афтæмæй,   24 майы 12:00 сахаты оонг дæттынц рæстæг  хицауадæн  се æркуырдтæ  сыххæст кæнынæн, науæд  та сæйраг горæты парализаци скæндзысты.

Æркуырдты тыххæй  акцийы организатортæй  сæ иу Варлам Голетианийы  фидиуæнæй,   компани  «Энка»  хъуамæ  феддæмæ  уæд  Рионы  комæй  æмæ   йемæ бадзырд аскуынын хъæуы,  компанимæ цы бадзырдтæ  уыд, уый иууылдæр  урæд æрцæуæд, фæмацы  уæд  2015-æй азæй   абоны онг алы  документаци.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   æркуырдты æхсæн ис  экономикæйы министры куыстуæгъд, алы  уыцы  уæнгы  дзуаппмæ раттын, чидæриддæр  хайад исы  ацы проект  æмæ    энергосекторы  æрбастæуæд   моратори.