«Намахван-ГЭС»-ы  каскадты  ныхмæлæуджыты протестон акци райдыдта Кутаисы
«Намахван-ГЭС»-ы каскадты ныхмæлæуджыты протестон акци райдыдта Кутаисы

«Намахван-ГЭС»-ы  каскадты  ныхмæлæуджыты  акци райдыдта Кутаисы, цы  ран   централон  фæзыл  мингай  адæймаг æрымбырд ис. Акцийы  хайадисджытæ  Гуырдзыстоны æндæр  æмæ рæттæй  ныццыдысты.

Протесты Протесты  141 бон  акцийы  хайадисджытæн ма фæзындис иу ног  æркуырд, йæ  пост ныууадзæт экономикæйы  æмæ   æнæфæцудгæ рæзынады   министр Натиа Турнава. Акцийы  хайадисджытæ  абон райдайдзысты  къухфыстытæ  æмбырд кæнын.

Акцийы хайад исынц  æнæхицауадон организациты æмæ  оппозицион партиты минæвæрттæ, афтæдæр барты хъахъхъæнджытæ.  Акцийы  мониторинг кæнынц  адæмон барты хъахъхъæнæгы  минæвæрттæ.

«Сæрæй фондз адæймагæй  уыдыстæм æмæ  абон  лæууæм мингай  адæймаг, уымæн æмæ  слæууыдыстæм   рæстдзинады фарс æмæ   рæстдзинад  нæ  сбирæ  кодта ам.

Куыд фæнды  фидар уæд  знаг, кæцы нæ  ныхмæ лæууы, æнæмæнгæй   рæстдзинады фæрцы йæ  басæтдзыстæм  ацы знагы.  Ай у гуырдиаг   зæххы  хъахъхъæды  фарст,  нæ  зæхх хъахъхъæнынæй  зæрдæцъæх никуы  фæуыдзыстæм.   Ай уыдзæн  уазал  сæрæй   ист уынаффæтæ, нæ уыдзæнис   æгæрон эмоцион архæйдтытæ. Ноджы ма фылдæр адæймаг слæудзæнис   ацы, кæнæ  æндæр фæзыл  æмæ нæ интерестæ  никуы балыстæг уыдзысты  искæй  нарæг  интерестыл»- райхъусын кодта акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы   Рионы Комы  хъахъхъъæнæг  Варлам Голетиани.

Акцийы  хайадисджыты  архайадон планы тыххæй  куы зæгъæм,   Голетианийы  дзырдæй,   зæгъгæ акцийы хайадисджыты  хай  Кутаисы  централон фæзыл  æнæхъæн æхсæвы  дæргъы уыдзсты. Афтæдæр сырæздзæнис   къордтæ, кæцы кæрæдзийы ивдзысты  хъæу Намохваны æвæрд  цатырты æхсæв бон кæнынæн.