«Националон Змæлды» уæнгтæ сом хицауады ранæуæггонд скондимæ  фракциты форматы фембæлын нæ хъавынц
«Националон Змæлды» уæнгтæ сом хицауады ранæуæггонд скондимæ фракциты форматы фембæлын нæ хъавынц

«Националон Змæлды»  уæнгтæ сом министртæм кандидаттимæ фракциты  форматы фембæлын нæ хъавынц –  уый фæдыл  фракци «Националон Змæлды»  сæрдар  Роман Гоциридзе  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   «Националон Змæлд»  хицауады  сноггонд скондæн æууæнк  расидыны  процессы бойкотирдзинад дарддæр кæны.

«Мах адарддæр кæндзыстæм  бойкот,  нæ райсдзыстæм хайад  комитетон кастыты.   Афтæдæр  нæм нæ  уыдзæн  сом фракцийы  форматы  хицауады  кандидаттимæ фембæлд.  Ацы  фембæлд уыдаит радон рутинон  ныхас  æмæ сырæзтаит тæлмæн, цæвиттон, бæстæйы  ницы цæуы æмæ бæлвырд кæнæм  радон хицауад.  Реалонæй та  уавæр у фæдисон,  уæлвæтк уавæр у.  Фактонæй  хицауадмæ æрбакодтам Гавриловы  хицауад.  Уый  тыххæй    протесты ахæм формæ, у растдæр  уый цæй  аккаг у  ацы  хицауад» – райхъусын кодта Роман Гоциридзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   ацы протест уыдзæн   алкуыран, парламенты æмæ уынджы  дæр.

Парламенты  нырид  дыккæгæм бон у  хицауады  ранæуæггонд скондæн  æууæнк расидыны фæлгæтты,  комитетон  байхъусытытæ  цæуынц, кæцыты «Националон Змæлды» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны»  уæнгтæ   хайад нæ исынц.   Райсоммæ плангонд сты  фембæлдтæ  фракциты форматы.