«Националон Змæлд» «Европаг Гуырдзыстон» «Гирчи-фылдæр Сæрибардзинад» æмæ «Дроа», æхсæнадæн бавдыстой Тбилисы мажоритартæм  кандидатты
«Националон Змæлд» «Европаг Гуырдзыстон» «Гирчи-фылдæр Сæрибардзинад» æмæ «Дроа», æхсæнадæн бавдыстой Тбилисы мажоритартæм кандидатты

Цыппар оппозицион парти – «Националон Змæлд», «Европаг Гуырдзыстон», «Гирчи-фылдæр Сæрибардзинад» æмæ Элене Хоштариайы «Дроа»   Дедаенайы  паркы   Тбилисы  мажоритартæм  кандидатты  бавдыстой.

«Европаг гуырдзыстоны» æмæ «Дроа»-æн  фæйнæ 3 кандидат уыдзæн, «Гирчи –Фылдæр Сæрибардзинадæн» – цыппар, «Националон Змæлдæн» та, иу дæр нæ, уыдонæн æрмæст мертæм кандидат Ника Мелиа уыдзæн.

«Европаг Гуырдзыстонæй»  уыдзысты : Самгори – Дато Жгъенти, Исани – Бесо Донадзе, Чугъуреты –  Гиорги Нониашвили.

«Дроа»-æ :Глданы – Элене Хоштариа, Вакейы – Бату Кутелиа, Кърцъанисы –  Тамаз Ахобадзе.

«Гирчи-фылдæр Сæрибардзинад»-æй : Дидубейы – Ника Мосиашвили, Надзаладевы – Бадри  Григалашвили, Мтацъминдайыл –  Тенгиз  Киртадзе, Сабурталойыл  – Борис Хъуруа.