Националон эгзитполтæм гæсгæ, Украинайы  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстыты Михеил Саакашвилийы партий барьерыл нæ ахызт
Националон эгзитполтæм гæсгæ, Украинайы æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты Михеил Саакашвилийы партий барьерыл нæ ахызт

Гуырдзыстоны раздæры президенты, Одессæйы бæстæйы  раздæры   губернаторы  Михеил Саакашвилийы   партий «Ног тыхты змæлд»   Украинайы  æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстыты  барьерыл нæ ахызт.

Националон эгзитполтæм гæсгæ, Михеил Саакашвилийы партий райста 0,4 проценты, кæцы æгъгъæд нæу  фарастæм æрсидты Радамæ  бацæуынæн.   Барьер  Украинайы  закъондæттынадмæ гæсгæйæ   у  фондз процент.

Бакой уын кæндзыстæм 19  июлы, Михеил Саакашвили  ахæлиу кодта фидиуæн, æмæ фарсхæцджытæм æрсидтис схъæлæс кодтаиккой  Зеленскийы  партийæн, уымæн æмæ «Ног тыхты Змæлд» барьерыл нæ ахиздзæн зæгъгæ.

Националон эгзитполты развæлгъау фæстиуджытæй, Украинайы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты фæразæй ис Владимир Зеленскийы партий.

ЦÆК фыццагон развæлгъау  фæстиуджытæ  æхсæвы рæгмæ  райхъусын кæндзæн.

Ног æрсидты Рада  9 сентябры онг хъуамæ æрымбырд уа.

Украинайы   цæугæ   æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты рухс кæны  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы исæг къорд.