Националон Банкъ, Мамука Хазарадзе æмæ  Бадри Джапаридзейæн, «Тибиси Банъкы»  документацийыл къухæвæрды бар фæурæдта
Националон Банкъ, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейæн, «Тибиси Банъкы» документацийыл къухæвæрды бар фæурæдта

«ТВС Банкъы»  цæстдарæг советы  сæрдар,  Маука Хазарадзейæн æмæ  йæ  хæдивæг, Бадри Джапаридзейæн,  къухæвæрды  бар  фæурæдтой –  уый фæдыл  дзырдæуы  Гуырдзыстоны Националон Банкъы  фидиуæны.

«Гуырдзыстоны Националон  Банкъ егъау бæрнæй  кæсы   финансон секторы стабилондзинадмæ.  Коммерцион  банкъыты  цæстдарынад  Гуырдзыстоны  æхæст цæуы сеппæтæй  хуыздæр   æхсæнадæмон стандарттæм  æмбæлгæйæ.

«Националон Банкъ, финансон  секторы  цæстадрынады  комитеты  2019 азы  13  февралы  рабадтыл   касты  фæстиуæгæн ахицæн кодта,  «ТВС Банкъы»  цæстдаргæ советы  сæрдары æмæ  йæ  хæдивæгæн,  къухæвæрды  бар  бауромын.  Уыйимæ иумæ, «Тибиси Банкъы»  акционерты  æмбырдмæ  лæвæрд æрцыд   дыууæмæййон æмгъуыд, сæ  цæстдарæг советæй  фæстæмæ ахонынæн.  Уыйимæ  иумæ  ацы уынаæ не æххæссы   иунæг акционеры  сæрмæмулкъы  уæвæг  хæйттæм» – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны Националон банкъы.

ГНБ-ы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   уынаффæйæн бындурæй  слæууыд   «Тибиси Банкъы»  сгæрсты  рæстæджы  фиксиргонд   интересты  конфликты   регулиргæнæг  закъондæттынады  хæлды фаектытæ, кæцытæ  2007-2008 азты транзакцитæм æххæссы.

«Националон  Банкъ  хаххгондæй  нысан кæны уый, цæмæй «TBC Bank»  йе ххæстгæнæг къухдариуæгадимæ  у, бæстæйы æмæ регионы  архайæг  финансон институттæй  иуæй-иу  акæнæг. «TBC Bank»  у хъæддых  æмæ   æнæфæцудгæ  кредитон организаци æмæ æнæхъæнæй  æмбæлон у  архайæг экономикон нормативтæм æмæ лимиттæм. Афтæма банысан кæнын хъæуы уый æмæ  Националон Банкъы ацы   цæстадрдæй уынаффæ  нæу уагъд  «TBC Bank»-ы  ныхмæ» – дзырдæуы  Гуырдзыстоны Националон Банкъы   хъусинагы.

Гуырдзыстоны  Сæйраг прокуратурæйы  информацийæ,  2018 азы  майы   райдайгæ   банкъы  сгæрсты  фæлгæтты,  финансон  мониторигы службæ  æрцыд  ахæм хатдзæгмæ,  – цæстæйуынгæйæ  бæрæг сты  æнæзакъонон æфтиæгты легализацийы  нысæнттæ, ома хца ссурс кæнын æмæ æндæр æнæзакъонон  митæ.  Уый тыххæй дæр,  2018 азы  2  августы,  прокуратурæ æрывнæлдта уголовон   фæдæвзарынмæ,  æнæзакъонон æфтиæгты  легализацийы  фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны кодексы  194 статийы  3-аг хайы  «г» пунктмæ гæсгæ.