MTV – Тбилис, вæццæгæн, у сеппæтæй  хуыздæр  сахар  Дунейы
MTV – Тбилис, вæццæгæн, у сеппæтæй хуыздæр сахар Дунейы

Тбилис, вæццæгæн,  у сеппæтæй  хуыздæр  сахар дунейы – ахæм  сæргондæй  статийы  публикаци кæны  бритайнаг «Эмтивийы» (MTV)  веб-фарс.

«Хъуыддаг Тбилисмæ куы  баххæссы,  уæд нæ бон  у  сæрибарæй  зæгъын, цæмæй  йæ сусæгдзинад  нырид алкæмæн дæр  бæрæг у.  Гуырдзыстоны сæйраг сахарæй  дунейы  бæлцæттæ,   йæ альтернативон аивадæй,  дунеон æмвæзады  клубтæй  æмæ  рох  цæмæн нæй  ахæм хæринæгтæй  нырид рагæй  фæстæмæ сты  зæрдæскъæфт. Тбилис æнæмæнгæй  ссис иуæй-иу  сеппæтæй  трендон сахар европæйы», – дзырдæуы  статийы.

Авторы  дзырдæй,   Тбилис  дыууæ  хайыл у дих – зæронд сахар,  цыран  антиквариаты  дуканиты советон цæдисы  афоны  майдантæ  уæй  кæнынц æмæ  нырыккон  хайыл,  кæцы номдзыд у  активон кафе-бартæй, цы ран  бынæттонтæ  бынтон æнæзонгæтимæ иумæ  ныуазынц  алкоголон ныуæзтытæ.

«Тбилис  цæвиттон хорз зонгæ, фæлæ  иурæстæгонæй,   æнæзонгæ  у æмæ тынг зын у, зæрдæскъæфт ма фæуай    гуырдзиæгты  уазæгуарзондзинады  цардуагæй», –  дзырæдуы   статийы.

«Кæд искуы   Берлины уыдыстут, уæд Тбилис æнæмæнгæй  базондзыстут. Ацы дыууæ сахармæ бирæ иумæйаг ис, фæлæ  Тбилис  фылдæр  æрдзон у.  Гæнæн ис Тбилис фылдæр Берлины  ивгъуыды  æнгæс уа…  афтæ куыд Берлины «рейв»  æвзонг гуырдзиæгты  идентондзинад сеппæтæй  хуыздæр æвдисы, техно-музыкæ  та  саундтрекау у удонæн, чидæриддæр социалон æмæ  культурон   сæрибардзинад агурынц»,- фыссы  MTV.

Тбилисы «Техно-музыкайы Меккайæ»  автор  схуыдта  æхсæвы   кълуб «Басиани».  «Растдæр  «Басианийы» тыххæй  айхъуыст фарст –  ис гæнæн  æмæ Тбилис  бауа ног  Берлинæй»?

Статийы  автор  алы бæлццонæн  амоны, куыд гæнæн ис  афтæ  рæхджы фæуазæг уой Гуырдзыстонмæ.

«Тбилисы  ссардзыстут алцыппæт,  цыдæриддæр уæ сахары  улæфтæн бахъæуа.  Уый йæ зæрдæмæ фæцæудзæн  куыд романтикон балцы  уарзджытæн, афтæ хæлæрттимæ  иумæ  ивхæрсын чи уарзы уыдонæн.  Æрдзон æмæ  цъус гуырымыхъхъгомау  Кавказаг цæппузыр, æвæлмаст никæй ныууадзæн, сымах æнæмæнгæй  æрфæнддзæн  уæ  муртæ ныввæрын  æмæ Тбилисмæ цæрынмæ  ахизын. Иунæг  зындзинад у æвзаг. Ацы æвзагыл ныхасы хъом  куы уаиккам…»- дзырдæуы  публикацийы.