Мтацъминдайы  æвзарæнон бæстæйы æвзарынц  парламенты мажоритар депутаты
Мтацъминдайы æвзарæнон бæстæйы æвзарынц парламенты мажоритар депутаты

Парламенты  æхсæйнаг  æвзæрстытæ  19 майы  æрмæст иу, Мтацъминдайы номыр фыццаг æвзарæнон  бæстæйы  æрцæудзæн уагъд.

Мтацъминдайы   мажоритарийæ суæвын  сфæнд кодтой  20 кандидаты.  Æвзарæнон  зылды  регистрацигонд 43,908  æвзæрстгæнæг,  æвзæрст хъуамæ  саразæт  æхсæз инициативон   къорды æмæ 14  партийы  бавдыст  кандидатты æхсæн:

9 – «Сæрибар Гуырдзыстон» – Гиорги Андриадзе;

13 – «Европаг Гуырдзыстон-Сæрибар Демократтæ» –  Шалва Шавгулидзе

35- «Гирчи» – Германэ Сабо

41-  «Гуырдзиаг Бæллицц –  Демокративон Гуырдзыстон» –  Владимер  Кахадзе

43 – инициативон къорд  – Коба  Давиташвили

44- инициативон къорд  – Сопио Хоргуани

45 –  инициативон къорд  – Григол Гегелиа.

Мтацъминдайы   парламенты æхсæйнаг  æвзæрстыты рæстæджы   33  æвзаргоæн  фадыг  кусы.  Фыццаг туры  уæлахиздзинады  тыххæй кандидат  æвзæрстгæнджыты æхъæлæсты  50%-æй  фылдæр хъуамæ райса.  Æвзæрст депутаты  æххæстбарты  сыххæстæн  уыдзæн 16 мæйы.  Æхсæйнаг æвзæрстытæм   цæст бадардзысты 49 бынæттон  æмæ  æхсæз  æхсæнадæмон  организацийы.

Парламентв  æхсæйнаг  æвзæрстыты  ауадзын уый тыххæй  бахъуыд, æмæ  Мтацъминдайы   мажоритар  депутат  Саломэ Зурабишвилийы, Гуырдзыстоны президентæй  кæй  сывзæрстой.