Молдовæйы президент, Владимир Плахотнюкы,  интерполæй   æхсæнадæмон агуырдмæ  раттын  домы
Молдовæйы президент, Владимир Плахотнюкы, интерполæй æхсæнадæмон агуырдмæ раттын домы

Молдовæйы президент  Игорь Додон   раздæры   хицугæнæг  партийы  лидер, Владимир Плахотнюкы,  интерполæй   æхсæнадæмон агурдмæ  раттын  домы.

Ацы  куырдиат   Игорь Додон   сарызта,  молдоваг бизнесмены æмæ  йæ бинонты ныхмæ   санкцитæ  АИШ-æ куы  сфидар кодта  уый фæстæ.

2019 азы  декабры  Владимир Плахотнюкы цæрæнуат ссарыны  æркуырдæй   молдовæйы   хицауад   Румынийы  æмæ   Стыр Британийы  æмбæлон  уагдæттæм басидтис, фæлæ  дзæгъæлы.

«Нæ приоритет у уый  цæмæй   Плахотнюкы  фыдыбæстæмæ  хъадамантимæ  æрыздахæм» –  райхъусын кодта  Молдовæйы  президент.

Додоны дзырдæй, зæгъгæ  Молдовæйы мидхъуыддæгты  министрад,  Плахотнюкыл  æхсæнадæмон агуырд  расидыны  æркуырдæй,  ныридæгæн басидтис  интерполмæ.

Молдовæйы иуæй-иу  ставддæр  бизнесмен æмæ раздæры   хицаугæнæг партийы    лидеры  фыдыбæстæйы  стыр бæрцæй  æхца ссурс кæныны  аххосджын кæнынц. Сæрмагондæй  та  ныхас цæуы  18 милуан  доллар æмæ  3,5  милуан евройыл.

Плахотнюк Молдовæйæ 2019 азы  алыгъд.  Фæстæдæр уый, «Демокративон  Партийы»  сæрдары   бынатæй  йæхи систа æмæ депутаты   мандат дæр  ныууагъдта.