«Моамбейыл» 53 азы  сыххæст
«Моамбейыл» 53 азы сыххæст

«Моамбе» юбиляр у.  Информацион рауагъдыл сæххæст ис  53 азы.

Гуырдзыстоны Телеуынынады   итнформацион куыст   ацы  номхуындæй  фыццаг хатт эфиры лæвæрд  æрцыд 1968 азы  январы. Номхуынды идеяйы  автор у   Тамаз Хомерики, кæцы информацийы  сæйраг   редакцийæн къухдариуæг кодта. Уæдмæ  фыццаг информацион рауагъд хуындис  «Æппынфæстаг уацтæ».  «Моамбе»  æрвылбойнонæй эфиры  куыст райдыдта телеуынынады  бындурæвæрдæй  дæс азы фæстæ.  Азтимæ иумæ  ивд цыдысты  диктортæ æмæ  акæнджытæ. «Моамбе»  азты   дæргъы  бæстæйы   информацийы иунæг   гуырæн уыдис. Нæ архивы  æвæрд уникалон   кадрты  æхсæн ис  «Моамбейы»  операторты  ист  националон змæлды,  хæдбарады  фыццаг азты, Абхазы хæсты æмæ æввахс историйы  æндæр нысаниуæгджын  фæзындтæ.

Абон  информацион рауагъд комкоммæ эфиры  лæвæрд цæуы  нырыккон студийæ.  Информацион куыст  информаци  публикаци кæны  цалдæр платформæйыл – Телеуынынад, Радио æмæ веб-фарс.  Æхсæнадон Уацхæссæджы  медиапродукци  тæлмац  цæуы этникон каддæрдæрты æвзæгтыл дæр.