Млетайы  цур сæдæгай  уæзласæн  автомобиль у урæд [фото]
Млетайы цур сæдæгай уæзласæн автомобиль у урæд [фото]

Млетайы  хъæуы цур,  Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæйнон-ауадзæн  пунктимæ иугæнæг   фæндагыл  уæзласæн  автомобилты  колоннæ  лæууы.

Шофырты  йах  куыд  хъусын кæны афтæмæй,   уыдонæн нæу бæрæг  кæд бауыдзæн сæ бон   Уæрæсемæ  уаргъ  нылласын.  Сæ ныхæстæм гæсгæ,   шофырты хай,   автомобильтæй  фæцæйласынц  тагъдсæфгæ  продукттæ, уый тыххæй  сын  къæрмæджы  стыр рæстæгæй лæуды  тыххæй гæнæн  ис  се продукт бамбийа кæцы компанийæн  стыр зиан æрхæсдзæн.

Æфтиæгты  куысты  бамбарын кодтой,  цæмæй  туристон сезоныл Уæрæсейаг  фарсмæ  бæлццæтты ауадзыныл  уагæвæрд у   лимит.

Уагдоны хъусинагæй,   приоритетон сты  туристтæ æмæ  рог  автотранспорт, æрмæст кæд æхсæв-боны мидæг  иууыл цъс  400  трайлер  уæддæр ауадзиккой,  уæд   рæнхъ  нæ сырæзтаит.

«180-йæ фылдæр трайлеры нæ уадзынц, æмæ ам та  400  уæддæр хъуамæ  уадзиккой  цæмæй къæрмæг ма сæвзæра.  Тынг бирæйæ лæууынц  Сомихыстонимæ арæны  цур æмæ уым æнхъæлмæ кæсынц  сæ радмæ, кæд рахизой» –  хъусын кæынынц  æфтиæгты куысты.

Афтæма  æфтиæгты  куысты куыд  райхъусын кодтой,  ацы минутты зæгъгæ  сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 700-йы  онг уæзласæн  машинæ.

«Фæлæ  ныр гæнæн  ис   цъус  фылдæр  ныфсдæттæг прогноз саразын уымæн æмæ, æнæхъæн æхсæвы дæргъы   таможнæ æнæбауромгæйæ  куыста  æмæ   уагътой  рог   автомобильтæ.

Бантыстис  стыр  бæрцæй  рог автомобильты  ауадзын  æмæ   гæнæн ссис  лимиты  цъус фæуæлдайдæр кæнын. Афтæмæй  æхсæвы  дæргъы  ауагътой  зæгъæн ис 250-ы онг  уæзласæн  автомобилы, кæцыйы  тыххæй  рæнхъ  фæкъаддæр ис, фæлæ  уымæн  цææй  ауадзæн пунктыл  рæнхъытæ æппын ма сæвзæрой,  минимум 400  уæзласæн машинæ  хъуамæ  ауадзой»- Райхъусын кодтой  æфтиæгты куысты.

Бынатыл  патрул кæны   патрулон полицийы  экипаж.