МХМ-ы хъусын кæнынц.,  цæмæй  барадхъахъхъæнджытæ парламенты мобилизацигонд  сты  æмбæстæгты   æдасдзинады æмæ  сæрфат  хъахъъæды  нысанæй
МХМ-ы хъусын кæнынц., цæмæй барадхъахъхъæнджытæ парламенты мобилизацигонд сты æмбæстæгты æдасдзинады æмæ сæрфат хъахъъæды нысанæй

Парламенты территорийыл   мидхъуыддæгты  министрады  сæрмагонд  хæслæвæрдты   департаменты æмæ патрулон пъæлицæйы  кусджытæ лæууынц.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн   мидхъуыддæгты  министрады  пресскуысты   куыд  загътой  афтæмæй,   барадхъахъхъæнджытæ   мобилизацигонд  сты  æмбæстæгты   æдасдзинады æмæ  сæрфат  хъахъъæды  нысанæй.

Парламенты цур    оппозицион  партиты  æмæ   æмбæстагон  активистты   акци   15:00   сахатмæ у плангонд.

Акцийы   хайадисджыты   сæйраг æркуырд  у   æмгъуыдагъоммæ парламентон   æвзæрстытæ   пропорцион  системæйæ   ауадзын, хицауады  куыстуагъд æмæ   централон   æвзарæнон  камисы  архайæг сконды  раивын.

Уымæй  конкретон дæр архайадон планы фæдыл,  оппозици абоны   акцийыл  фæныхас  кæндзæн.

Акцитæ   Руставелийыл   уый  фæстæ  райдыдтой,    14  ноябры,  пропорцион  æвзарæнон  системæмæ   ахизынмæ гæсгæ,   парламентон фылдæртæ  сæхи бакуыст   конституцион видт,  парламенты  фыццах  хъусынæй   халæппæрстыл, хъæлæсты æгъгъæд  нымæц  куы  нæ райста  уый  фæстæ.