МХМ, Шатилы фæндагыл  ирвæзынгæнæн мадзæлтты  фæдыл хъусын кæны
МХМ, Шатилы фæндагыл ирвæзынгæнæн мадзæлтты фæдыл хъусын кæны

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад  Шатилы фæндагыл цы ирвæзынгæнæн  куыстытæ  сыххæст кодта  уыдон тыххæй информаци хъусын кæны.

Уагдоны куыд дзурынц  афтæмæй,  Душеты, ирвæзынгæнæн  куыстытæ  сæххæст сты мидхъуыддæгты министры хæдивæгы æмæ уæлвæтк  уавæрты  фæткдар  куысты  хистæры  къухадариуæгæй.

«Жинвали-Барисахо-Шатилы  автомобилон фæндагы  64-æм километрыл æрцæугæ  фæндагон-транспортон  цауы рæстæджы  бæлццонон микроавтобус,  80 метры бæрзæндæй  ахауд  адагмæ. Æрцæугæй  фæстиуæгæне  амард 17 æмæ уæззау  зиæнттæ  райстой  æртæ æмбæстаг.  Вазыгджын метеорологион  æмæ рельефон  уавæртæм æнæкæсгæ,  ирвæзынгæнæн мадзæлттæ,  æдасдзинады нормæтæм æмбæлгæйæ,  æнæаскъуынгæ режимы цыдысты.       Бынатыл   мобилизацигонд уыдысты  патрулон æмæ криминалон пъæлицæй,  зынгвæдисонтæ,  æмæ  тагъд медицинон æххуысы   къордтæ.

Ирвæзынгæнджытæ автокатастрофæйы  фæстиуæгæн цæф  æртæ æмбæстагы  æдас территоримæ тагъд ракодтой,  кæцыты  тагъд медицинон  бригадæтæ  фæхæццæ  кодтой  рынчындæттæм» – банысангонд у  МХМ-ы информацийы.

Мидхъуыддæгты министрад, æрцæугæ  факты  фæдыл  хъуыддаг рæгъмæ  рахаста Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  276-æм статийæ.

ушеты муниципалитеты  Шатилы  фæндагыл,  фæндагон-транспортон цауы амæттаг фесты  17  адæймаг. Уæззау зиæнттæ  райстой  æртæ  бæлццон.  Уыдоны фæхæццæ кодтой  фыццаг университетон  клиникæмæ.  Дохтырты информацийæ,   цæфты уавæр   иттæг  уæззау  у.