МХМ  парламенты цур æрцæугæ инцидентыл фæдагуырд райдыдта тыхмидзинады статийæ
МХМ парламенты цур æрцæугæ инцидентыл фæдагуырд райдыдта тыхмидзинады статийæ

Мидхъуыддæгты  министрад  парламенты цур  æрцæугæ инцидентыл фæдæвзарын райдыдта  тыхмидзинады  статийæ.   Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн  МХМ-ы  пресскуысты фехъусын кодтой.

МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй æрфарст æрцæудзысты  инциденты  хайадисæг уæнгтæ, афтæдæр,  бацахуыр кæндзысты  уæвæг видео-ныффыст.

«Патриотты Альянсы»  минæвар, депутат  Эмзар Къвициани,  парламенты  раз,  змæлд «Сирцхвилиайы»  минæвæрттæм рацыд.  Эмзар Къвицианийы  акцийы  хайадисджытæ  «Уæрæсейы  цагъайрагæй»  схуыдтой,  кæцы  быцæудзинадмæ айрæзт.  Къвициани  акцийы   хайдисджыты дзырдæй  æмæ  физикъонæй  бафхæрдта.