МХМ киберфыдракæнд раргом кодта - ахæсттæ «Гуырдзыстоны Банкъы» æмæ «ТВС –Банкъы» æнгæс веб-фæрсты фæрцы, суммæтæ сайдтой æмбæстæгтæй [видео]

Централон  криминалон   полицийы   департаменты  æмæ  паддзахадон  æдасдзинады   куысты антикоррупцион   агентады  кусджытæ иуæймаг интенсивон  оперативон-фæдæвзарæн   мадзæлтты  фæстиуæгæн,  Турчы  республикæйы   дыууæ æмæ Гуырдзыстоны иу  æмбæстагы,   киберфыдракæнды  тыххæй  Тбилисы æрцахстой –  уый тыххæй  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты  министрады  централон  криминалон   полицийы  департаменты  директоры  хæдивæг  Мамука Чъелидзе  брифинигыл  райхъусын кодта.

«Ахæсттæн  бавдыстæуыд аххосаг   компьютерон системæмæ  баирвæзын, компьютерон  бæрæггæнæнтæй  æнæзакъононæй  спайда кæнын, хисæрмагонд коммуникациты  сусæгдзинады  халын æмæ  кæрныхдзинад.

Сæ фыдракæнд  2-йæ  10  азы онг  ахстæй æфхæрд дары йæ хъуыдыйы.

Фæдагуырдæй  фæбæрæг ис, цæмæй  зылынмæ лæвæрдтæ,   социалон хызаг «Фейсбукы»  рекламæйы   хуызæй  систематонæй  æвæрдтой   веб-фæрстæ, кæцытæ визуалонæй       «Гуырдзыстоны Банкъы» æмæ «Ти-Би-Си»  банкъы интернетбанкингы  вебфæрсты æнгæс уыдысты. Фæнысангонд веб-фæрсты  фæрцы,  «Фейсбукы»  пайдагæнджытæн æндæр æмæ æнедæр интернетлæккад  æнхъарыдысты. Уымæй  уæлдай ма,   пайдагæнджыты  химæ æрбаласыны  нысанæй,

фанысангонд веб-фæрстæй   хæлиу кодта мæнг информаци, цæвиттон банкъ æндæр æмæ æндæр хуызы   зынаргъ  призтæ  лæвæрдта.  Уый фæстиуæгæн реалон интернетбанкингимæ  визуалон æнгæс кæй  уыдысты  уый  тыххæй,  æмбæстæгтæй  сайдтой сæрмагонд  бæрæггæнæнтæ  æмæ сайдæй  сæхи бакодтой сæ   банкъон бæрæггæнæнтæ.

Ахст уæнгтæ, суммæты æрвыстой, сæхæдæг  цы банкъыты  æмæ  интернет-тотализаторты  хыгъдтæ  бакодтой уырдæм, æмæ сæ  сæтй  æнæзакъононæй  истой.

Фæнысангонд архайдæй  ацы уæнгтæ  æмбæстæгтæн  200 000 ларийы  финансон зиан æрхастой.

Барадхъахъъхæнджытæ,  ахстгондты хæдзары, рæстæгмæ цæрæн  хæдзары æмæ  фысымуаты номыры   уагъд джигулы  фæстиуæгæн,   бæлвырдгæнæны  хуызæй  систой   3  лэптоп, 4  мобилон телефон, иу персоналон компьютер, цалдæр банкъон   пластикъон картæ æмæ  хца.