МХМ хæдизоляцийы æгъдаусасты тыххæй, тыхыбын карантинмæ арвыста ноджы 13  адæймагы
МХМ хæдизоляцийы æгъдаусасты тыххæй, тыхыбын карантинмæ арвыста ноджы 13 адæймагы

Мидхъуыддæгты  министрады  информацийæ,   хæдизоляцийы  æгъдаусасты тыххæй, тыхыбын  карантинмæ  арвыстой  ноджы   13  адæймагы.

МХМ-ы  хъусинагæй, хæдизоляцийы  æгъдаусасты тыххæй, карантины зонæтæм, тыхыбынæй   æмтгæй райсгæйæ  æрвыст æрцыд  55 адæймаг.

«Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй Гуырдзыстоны территорийы  уæвæг  кæцыфæнды   гоймаг, хæсджын у  бакоммæкæсын  æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды  сферæйы   архайæг  Гуырдзыстны  закъондæттынады домæнтæм  æмæ  цыт кæнæнт  æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды   куысты  уынаффæтæн.

Мидъхуыддæгты  министрад та,  ноджыдæр сиды  æмбæстæгтæм,  равдисой  бæрзонд  æмбæстагон бæрн  æмæ бакоммæ кæсой  фæнысангонд  регуляцитæн» – хъусын кæнынц  МХМ-ы.