МХМ интернетæй наркотикты  реализацийы   æхсæнадæмон  фыдгæнæг  схемæ раргом кодта
МХМ интернетæй наркотикты реализацийы æхсæнадæмон фыдгæнæг схемæ раргом кодта

Централон  криминалон   пъæлицæйы   департаменты  кусджытæ  Гуырдзыстоны  наркотикон фæрæзты  æрцæттæ-балхæд-бавæрын  æмæ  реализацийы  фактыл  прецедент цæмæн нæй,   ахæм масштабон  схемæ  раргом  кодтой, –  уый фæдыл   абон   арызт брифингыл  мидхъуыддæгты министрады  централон  криминалон   пъæлицæйы  департаменты  директор, Мамука Чъелидзе  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æрцахстуæвджытæ  сты Гуырдзыстоны архайæг  организацигонд  фыдгæнæг  корды  уæнгтæ, – Гуырдзыстоны иу  æмæ  фондз та  фæсарæйнаг   æмбæстæгтæ,  ноджы иу та  зæрдæхсайд у.

Чъелидзе куыд банысан кодта, наркотикты æнæзаконон  зилдухы ныхмæ  тохы   сæйраг  уагдоны   кусджытæ  Тбилисы, Кутаисы æмæ Батумы, оперативон   информацийы  бындурыл  уагъд   интенсивон   комплексон   агурæн  æмæ фæдагурæн   мадзæлтты  фæстиуæгæн æрцахстой: Гуырдзыстоны, Уæрæсейы,  Украинайы æмæ Хъиргизы  æмбæстæгты.

«Барадхъахъъæнджытæ   зылынмæ лæвæрдты   цæрæн  фатерты   æмæ  рæстæгмæ  цæрæн хæдзæртты   джигулы фæстиуæгæн  афтæдæр æндæр æм æндæр рæтты  æмбæхсæнтæй,  æдæппæт систой  21  килограммы онг  рыгойы хуызæй  æмæ 10 литры  онг   тæнгъæд наркотикон  фæрæз  «Альфа –ПВП».

Фæнысангонд  ист   наркотикты  аргъ сау  базарыл   6 милуан  ларимæ  æххæссы»,- райхъусын кодта  Чъелидзе.