МХМ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператормæ лæбурды фактыл  ноджы иу гоймагы  æрцахста
МХМ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператормæ лæбурды фактыл ноджы иу гоймагы æрцахста

МХМ  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы оператормæ лæбурды фактыл  ноджы иу гоймагы  æрцахста.  Уый фæдыл  хъусын кæнынц мидхъуыддæгты министрады.

Æрцахстуæвæг  5 июлы  Руставелийы проспектыл  Æхсæнадон Уацхæссæджы   операторы физикон æмæ дзырдæй  æфхæрдта  йæ кусæн хæстæ æххæст кæныны фæхъыгдарды рæстæджы.

«Фыдракæнды хайадисæг  æндæр  уæнгты рабæрæг-рацахсыны нысанæн дарддæр кæнынц фæдагуырæн-оперативон мадзæлттæ», – дзырдæуы фидиуæны.